Петро Порошенко Саломэ Зурабишвилийæн Гуырдзыстоны президентæй сæвзæрст арфæ кæны
Украинæйы президент Петро Порошенко Саломэ Зурабишвилийæн арфæ кæны гуырдзыстоны президентæй сæвзæрст.
Саломэ Зурабишвилимæ æрвыст арфæйы фыстæджы Петро Порошенко дыууæ бæстæйы хæлар ахастытыл, æхсæнадæмон аренæйыл сидтытыл æмæ фидæны перспективæтыл ныхас кæны.
«Цытджын Саломэ, украинаг адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй, зæрдиагæй уын арфæ кæнын Гуырдзыстоны президенты постыл снысан.
Гуырдзыстон æмæ Украинæ кæрæдзиимæ къуындæг баст сты æнæрмæст рагон хæлар ахастытæй, стратегион партнерадæй арф цыт æмæ кæрæдзи æмбыарынадæй, фæлæ ма дыууæ дæр бæстæйы ныхмæ Уæрæсейы агрессийæ баст иумæйаг сидтытæй æмæ тастæй.
Мах бæрзонд аргъ кæнæм Гуырдзыстонæн нæ паддзахадон суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æнæфæцудгæ æмæ фæдфæдон æнцойадæн. Мæхи æрдгæй уæ нфысджын кæнын, цæмæй Украинæ кæддæриддæр хъахъъхæндзæн Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Иумæйаг тыхархайдæй æмæ æппæт сæрибар демокративон дунейы консолидацийæ, мах бауромдзыстæм агрессор бæсстæйы æмæ æрхæццæ уыдзыстæм нæ бæстæты æххæстæй деокупацимæ.
Уырнæг дæн, цæмæй гуырдзиаг-украинаг ахастытæ стæй дæр райтынг уыдзысты дыууæфарсон æмæ бирæфарсон æмгуыстады алы сферæйы, дмокративон райтынгы, дыууæдæр паддзахады экономикон рæзынады æмæ нæ адæмты Европаг фидæны интересты.
Арфæ уын кæнын æнтыстытæ уæ бæрнон хъуыддаджы, æрмæст гуырдзиаг адæмæн та – сабырад, фарн æмæ дзæбæхдзинад» – дзырдæуы Петро Порошенкойы фыстæджы.