Петро Порошенко- Æз æмæ мæ бинонтæ  схъæлæс кодтам Украинæйæн
Петро Порошенко- Æз æмæ мæ бинонтæ схъæлæс кодтам Украинæйæн

Украинæйы архайæг  лидер Петро Порошенко, Украинæйы президентон æвзæрстытыл схъæлæс кодта. Æвзарæнон  фадыгыл  журналисттæн куыд загъта  афтæмæй,   абон  зæгъгæ схъæлæс кодта Украинæйæн.

«Абон сæхъæлс кодтон Украинæйæн, афтæ куыд мæ бинонты  уæнгтæ æмæ  алы украинаг.  Æвзæрстгæнджытæм ис фадат равдисой  сæрмагонд фæнд. Уый тынг  хъæугæ у, цæмæ  размæ  цæуæм  цæмæй  нæ  европаг бинонтæм æрыздæхæм, суæм Евроцæдис æмæ НАТО-ы   уæнг бæстæ»  – райхъусын кодта Порошенко.

Афтæдæр йæ ныхæстæм æгсгæ,  уый зæгъгæ  уырнæг у, цæмæй   æвзæрстытæ  хорз организацигонд сты  æмæ  Украинæйы  æмбæстæгтæн сæрмагонд фæнд  равдисын  æнæкуылмпые у сæ бон.

Абон Украинæйы   35 милуан æвзæрстгæнæг, фондз азы  æмгъуыдæй  сывзардзæн  бæстиæйы  лидеры.  Ац ы постмæ  хал æппарынц   39  кандидаты. Уыдонæй  фавориттæ  сты шоумен Владимир Зеленский,  Украинæйы  экс-премьер  Юлия Тимошенко  æмæ бæстæйы  архайæг президент  Петро Порошенко.

Æвзарæнон фадгуытæ  бынæттон  рæстæгæй, 08:00 сахатыл  байгом сты  æмæ  20:00 сахатыл æрцæудзысты æхгæд. Растдæр ацы  афон суыдзысты бæрæг эгзитполты  фæстиуджытæ.

Уыцы цауы кæд æмæ æвзæрстыты   иунæг куандидат дæр нæ райсдзæн хъæлæсты 50  процентæй  фылдæр,   снысан уыдзæн дыккаг тур.Кæд афтæ æрцæуа уæд, президентон æвзæрстыты  дыккаг тур  ацæудзæн 21  апрелы. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй политологты æмæ экспертты  прогнозæй,   Украинæйы  ног президент,  фыццаг туры нæ фæбæрæг уыдзæн.

Украинæйы президентон æвзæрстытæ, бынатæй  рухс кæнынц Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы журналисттæ.