Петро Порошенко æмæ Владимир Путины æхсæн телефонон диалог сырæзт
Украинайы президент Петро Порошенко Владимир Путинимæ телефонæй фæныхас кодта. Информаци уый фæдыл интерне-ралæвæрд ZN.UA парахат кæны.
Медиафæрæзты информацийæ, ныхас цыбыр нæ уыд æмæ уый украинаг фарсы инициативайæ сыххæст, сæйраг темæ та Минскы бадзырды æртæ азы сæр уыд.
Ралæвæрд фыссы, цæмæй Украинайы президенты администрацийы Путинимæ телефонон ныхас бæлвырд кæнынц.