Петрас Аустервичус – Агрессор Путинмæ дырыс сигнал хъуамæ уа, ома Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæ, нæ фидæн уæнгтæ сты æмæ йæ зæрдыл бадарæт, цæмæй ацы бæстæтæм бахъавыны рæстæджы йын карт-бланш нæ уыдзæни
Æцæгдæр тынг дырыс хуъамæ уа сигнал агрессор Путинмæ, ома Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæ, нæ фидæн уæнгтæ сты æмæ йæ зæрдыл бадарæт, цæмæй ацы бæстæтæм бахъавыны рæстæджы йæм карт-бланш нæ уыдзæни – уый фæдыл европарламентари Петрас Аустревичус загъта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.
Фарстыл, зæгъгæ хъуыды кæны æви нæ, цæмæй Евроцæдисæй дзæбæх политикон сигннал уыдзæн, цæмæй æртæ дæр ассоциацигонд бæстæмæ лæвæрд уа кандидаты статус, европарламентари дзуапп ратта, цæмæй иттæг нысаниуæгджын у æнæ рмæст уый тыххæй ома Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæ ассоциацигонд сты æмæ уæнгсуæвыны æрдæм дæр фæцæуынц зæгъгæ.
«Хуымæтæджы у, ассоциацидзинады бадзырды фытс ис, фæлæ хъуыды кæнын, ацытæккæ хъуамæ бамбарæм, цас тыхджын у политикон солидарондзинады эмоци. Æцæгдæр тынг дырыс хуъамæ уа сигнал агрессор Путинмæ, ома Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæ, нæ фидæн уæнгтæ сты æмæ йæ зæрдыл бадарæт, цæмæй ацы бæстæтæм бахъавыны рæстæджы йæм карт-бланш нæ уыдзæни, цæмæй йæ куы æрфæнда ахæсс, куы та тасы æфтауа, куы та æххæст кæна киберлæбурдтытæ ацы бæстæтыл. Уый у, уынджы, домбай мæсты лæгæн куы зæгъай, ма йæм бавнал мæ хæлар у зæгъгæ, æмæ йæм куы бавналай уæд дын дзуапп æз скæндзынæн. Афтæмæй хъуыды кæнын цæмæй тынг нысаниуæгджын у» – райхъусын кодта Петрас Аустервичус.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ тæрхæттæ нæ кæндзæни кæд уыдзæн уæнгдзинад æмæ кæд та статус гарантиргонд.
«Дискусситæн бæрæг рæстæг бахъæуы, о, æмбарæм, фæлæ цæмæй нысаниуæгджын у, уынаффæ æркæсæм æмæ нæ ма ферох уа, цææмй алцыппæт эмоцион æмæнкъардæй æмæ ацы бæстæтæм эмпатийæ рацæугæ у» – бафтыдта ма Петрас Аустервичус.