Петр Павел – гуырдзиаг партнертимæ фембæлды рæстæджы, фæтæрхон кæндзыстæм Гуырдзыстонæн æххуысы æрдæм альянсы къахдзæфтыл
Петр Павел – гуырдзиаг партнертимæ фембæлды рæстæджы, фæтæрхон кæндзыстæм Гуырдзыстонæн æххуысы æрдæм альянсы къахдзæфтыл

NATO  æрсидтис  партнертæм, ауадзой реформæтæ, цæмæй  æфсæддон   фадæттæ  срæвдз уой. Уый  тыххæй  фидиуæны абон Брюсселы  цæгататлантикон альянсы   æфсæддон комитеты  178 –æм æфсæддон  рабадты  æрбайгомыл  генерал  Петр Павел   сарызта. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,    фæдылдзог дыууæ  бонмæ  æфсæддон  комитеты  уæнгтæ  альянсы  модернизацийы фæдыл æруынаффæ кæндзысты.

« Мах тæрхон кæнæм  НАТО-йы   перспективæйы фæдыл,   ауæрæхдæр кæна йæ  фадæттæ  æмæ  срæвдз кæна    стабилондзинад   сыхаг  регионты.   Ацы   хъуыддаджы   нысаниуæгджын  ролы  æххæст кæнынц   нæ партнертæ. Æфсæддон  рацарæзтæй  уæлдай,  хъуамæ срæвдз кæной  æууæнкаг   закъондæттæн базæ,   афтæдæр  экономикон   аууæлттæ  хъуамæ  уа  æмбæлон, цæмæй  ахъаззаг уа  æфсæддон   фæрæзты  райрæзын кæнынæн» –  расидтис Петр павел.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   украинаг æмæ   гуырдзиаг  партнертимæ  фембæлд сырæздзæн.

NATO-ы  æфсæддон комитеты   рабадт,   16-17  январы  Брюсселы  цæуы уагъд.  Фембæлдыл   февралмæ плангонд   альянсы  уæнг  паддзахадты  хъахъхъæнынады  министрты  æмбырдыл  æркæсынаг  темæтыл фæтæрхон кæндзысты.