Петер Фишер – Евроцæдисимæ æрыввахсы тагъдад  уыцы паддзахадтæн сæхи къухты ис, кæцытæ æрыввахсмæ тырнынц, мах ам стæм æмæ цæттæ стæм, баххуыс кæнæм, ныфс дарын, цæмæй дзуапп уыдзæн æвæрццаг
Петер Фишер – Евроцæдисимæ æрыввахсы тагъдад уыцы паддзахадтæн сæхи къухты ис, кæцытæ æрыввахсмæ тырнынц, мах ам стæм æмæ цæттæ стæм, баххуыс кæнæм, ныфс дарын, цæмæй дзуапп уыдзæн æвæрццаг

Декабры Европаг Совет  рахæсдзæн  уынаффæ  Гуырдзыстонæн кандидаты статусы  фæдыл, ацы  фарста  боны фæткы ис  декабры  астæу бонты, совет  27 уæнг падздахады æмæ  хицауады  сæрдарæй  у, уыдон  рахæсдзысты ацы уынаффæ, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны  Германийы минæвар Петер Фишер  фехъусын кодта.

Минæвары дзырдæй, растдæр паддзахадты  сæрдæрттæ хъуамæ зæгъой, цæмæй разы сты Гуырдзыстонæн кандидат бæстæйы статус раттын.

«Уыдон ацы  уынаффæ æмхъæлæсонæй хъуамæ рахæссой, кæцы уый нысан кæны, цæмæй алчи сæ  хъуамæ зæгъæт, о, æз  разы дæн  кандидаты статус раттынимæ.  Уæдмæ, ноябры врокомисси  публикаци скæндзæн аналитикон   хыгъдлæвæрд, кæцыйы дзырд уыдзæн,  цы  прогресс ис Гуырдзыстонæн 12  рекомендацийы  сыххæсты æрдгæй.   Ацы хыгъдлæвæрд уыдзæн  бындур, паддзахад æмæ хицæуæдты  сæрдæрттæ  уынаффæ рахæссынæн, уый сын ратдзæн æрдæмад  æмæ бадæтдзæн сын информаци. Фæлæ уынаффæ, сæхæдæг паддзахадты лидертæ  хъуамæ рахæссой.  Афтæмæй,  дзыбæх уаид, цæмæй  декабры, мах куыд гæнæн ис  афтæ фæлмæн цыд  кæнæм æвæрццаг уынаффæмæ.  Фæлæ афтæдæр кæддæриддæр фæзæгъæм, цæмæй Евроцæдисимæ æрыввахсы тагъдад æмæ гъæд, уыцы падздахадтæн сæхи къухты ис æмæ сæхи бæрн у, кæцытæ махимæ æрыввахс кæнынмæ тырнынц.  Афтæмæй   куыст Гуырдзыстон хъуамæ сыххæст кæна, мах ам стæм æмæ цæттæ стæм баххуыс кæнæм æмæ ныфс дарын, цæмæй  дзуапп уыдзæн æвæрццаг», –  райхъусын кодта минæвар.