Пенсион агентад – Дунейы акæнæг инвестицион банк JP Morgan Chase æхсæнадæмон инвестициты æрдгæй пенсион агентады сæйраг брокер-диллер ссис
Пенсион агентад æхсæнадæмон финансон базартыл инвестицитæ сыххæст кæнынæн, Дунейы иуæй-иу ставддæт инвестицион банк «JP Morgan Chase» -ы равзæрста. Уый фæдыл агенатды ахæлиугонд фидиуæны у банысангонд.
Пенсион агентады хъусинагæй, фæстиуæгæн, JP Morgan Chase уыдзæн пенсион агентады сæйраг брокер-дилер фæсарæйнаг инвестициты æрдгæй æмæ пенсион агентады барамындæй æмæ закъоны домæнтæм æмбæлгæйæ базарадон транзакцитæ сыххæст кæндзæн фæсарæйнаг финансон базартыл.
«2022 азы мартæй, пенсион агентады инвестицион советы уынаффæйæ, инвестицион портфелы диверсификаци активон фазæмæ ахызт. Уый фæстиуæгæн пенсион агентад доллары балхæды процесс этапгай райдыдта, æрмæст дарддæры къахдзæф, суммæты глобалон финансон инструментты нывæрын уыдзæн», – хъусын кæнынц агентады æмæ ма банысан кодтой, ома JP Morgan Chase абоны бонмæ дунейы ставддæр инвестицион банк у, кæцыйы капитализаци 400 миллиард АИШ долларæй фылдæр у.