Коронавирусы ахæлиу маруадзыны нысанæн, специалон пенитенцион куыст, ахæстты вакцинаци райдыдта.
Юстицийы министрады информацийæ, 18 майы, Гегуты №14; Глданы №8 æмæ Руставы сылгоймæгты №5 ахæстæтты уæвджытæн, низы ныхмæ хос бафтаудзысты.
Афтæма сæ информацийæ, вакцинæйы фадат уыдзæн уыцы ахæсттæн, кæцытæ равдыстой вакцинæ саразыны фæндон.
Министрады хъусинагæй, Гегуты 90 ахæст, Глданы -120, Руставы та 30 ахæсты сфиксир кодтой вакцинацимæ цæттæдзинад.
«Ахæстты барвæнд вакцинаци, низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры (NCDC) æмæ æнæнизхъахъхъæды министрады æххуысæй цæуы. Процесс, этапгай, Гуырдзыстон алы пенитенцион уагдæтты ацæудзæн», – хъусын кæнынц министрады.