Пенитенцион куыст – гæнæн деструкцион архæйдты æмæ æнæниздзинады уæлдай рискы тыххæй, куыст цух Саакашвилийы тæрхондонмæ раласыны фадатæй
Специалон пенитенцион куыст хæлиу кæны фидиуæн, кæцыйы мидæг дзырдæуы, цæмæй деструкцион равгы архæйдтæ гæнæн ис уа Михеил Саакашвилийы тæрхоны залмæ эскортир кæныны цауы дæр, афтæма, Саакашвили аскуыдта хоскæныны сæйраг хай дæр æмæ тæрхоны процессмæ йæ раконд уæлдай риск хæссдзæн йæ æнæниздзинадæн.
Пенитенцион куыст хъусын кæны, цæмæй фæнысангондæй рацæугæйæ, Михеил Саакашвилийы тæрхондонмæ нæ аласдзысты.
«Паддзахад æдасдзинады куысты цæуы тугтæрхоны барады хъуыддаг, фыдракæнд, кæцы бæрæг у тугтæрхоны барады кодексы 315 статийы фыццаг хайæ, падзахад æдасдзинады куысты йæ æхсæнадонæй ахæдиугонд фидиуæнæй та бæрæг ссис, цæмæй план кодта М. Саакашвилийы пенитенцион уагдонмæ этапиркæнын фæкуылымпыйы нысанæн, уагдоны цур бацæуæн автомобилон фæндæгты æхгæд, рæнхъ политикон партиты минæвæртты сæрмæмулкы уæвæг хæдулгæты фæрцы.
Уыдон сфæнд кодтой фæнысангонд деструктивон равгы архæйдтæ ракæнын, кæцыты хайад райстаит 500-600 хæдтулгæ, кæцы расайдтаит æнæконтрол уавæр, хаос æмæ сырæзт уавæр фæкуылмпы кодтаит Михеил Саакашвилийы этапиркæныны процесс.
Фæнысангонд равгы архæйдтæ гæнæн ис уа йæ тæрхондоны залмæ эскортиркæныны цауы дæр, афтæдæр зылынмæ лæвæрд М. Саакашвили аскуыдта хоскæныны сæйраг хай дæр æмæ тæрхоны процессмæ йæ раконд уæлдай риск хæссдзæн йæ æнæниздзинадæн.
Æппæт уæлдæрбанысангонды тыххæй, специалон пенитенцион уагдон цух у фадатæй, зылынмæ лæвæрд М. Саакашвилийы Тбилисы горæты Тæрхондонмæ ракæнынæн» – хъусын кæнынц пенитенцион куысты.