Пека Хаависто – Иуæй-иу мидполитикон процесстæ æмæ демократон размæцыды фæкуылымпы, бæстæ фæстæмæ аппæрстой, фæлæ нæм тагъд куыд æрбаиу уа Гуырдзыстон дæр, уыцы арфæтæ сын зæгъы нæ зæрдæ

13:59, 23.01.2023
Kuvassa Ulkoministeri Pekka Haavisto infossa valtioneuvosto infotila. Al- Holi  leiri koillis-Syyria. Isis Terroristit. Pakolaisleiri. Terroriteot. Äidit ja lapset. Helsinki 11. Joulukuu 2019. COM.PIC / MAURI RATILAINEN

Kuvassa Ulkoministeri Pekka Haavisto infossa valtioneuvosto infotila. Al- Holi leiri koillis-Syyria. Isis Terroristit. Pakolaisleiri. Terroriteot. Äidit ja lapset. Helsinki 11. Joulukuu 2019. COM.PIC / MAURI RATILAINEN

Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министр   Пека Хаавистойы  фидиуæнæй,  Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ фæндаджы  сбæрæг кæнынæн  бæстæйы  хицауадимæ сын  иудадзыг контакт ис.

Афтæма йæ  дзырдæй,   фылдæр  аскуыддзаг кæнинаг  сты  мидполитикон фарстатæ.

Уыимæ  Пека Хаависто куыд дзуры афтæмæй,   зæгъгæ  хъыгаг у,  иуæй-иу мидпроцесс,  демократон размæцыды фæкуылымпы  бæстæйы  фæстæмæ куы аппæрста  уый.

«Фыццаджы дæр, тынг райгонд стæм  Украина æмæ Молдовæйы  прогрессæй. Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  уæнгсуæвыны фæндаг  сбæрæг  кæнынæн  бæстæйы  хицауадимæ иудадзыг контакт нын ис.  Æз куыд зонын афтæмæй,  фылдæр   мидполитикон фарстатæ ис,  кæцытæ Гуырдзыстоны,  бæстæйы мидæгæй  хъуамæ алыг уа. Ивддзинæдты æмæ  ацы  къахдзæфты фæстæ, цæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон нын уыдзæн Гуырдзыстон ацы    процесс   куы рацæуа, куыддæр   æркуырдтæ сыххæст уыдзæн  афтæ.  Хъыгагæн, хицæн  мидполитикон процесс æмæ  демократон  размæцыды фæкуылымпы,  фæстæ фæстæмæ аппæрстой, фæлæ   нæм рæхджы  куыд æрбаиу уой,  уыцы арфæтæ сын  зæгъы  нæ  зæрдæ», –  райхъусын кодта Пека Хаависто.

Хуыздæр