Пека Хаависто - адæм куы фæрсынц, цæмæн нæ уыд реагиркæнынад 2008 азы Гуырдзыстоны тыххæй, 2014 азы Хъырымы оккупацийы тыххæй, уынæм бынтон хъауджы рискытæ æвзæрын кæныны фадæттæ Уæрæсейæ
Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министр Пека Хаависто Давосы Дунеон экономикон Форумыл дзырдæй ралæуды рæстæджы фæныхас кодта уыцы фактортыл, кæцыты тыххæй Финлянди НАТО-йы уæнгсуæвыны фæдыл куырдиат сарызта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы æрдгæй бынтон хъауджы рискытæ сæвзæрды гæнæнзинад уынынц.
«Федтам ивддзинæдтæ нæ алыварс, кæцытæ нæ тыхыбын скодтой куырдиат саразын НАТО-йы уæнгсуæвыны тыххæй. Фыццаг у европаг æдасдзинады архитектурæйы пырх, кæцыйы фæдыл æрцыд бадзырд Хельсинкийы 1975 азы. Ацы структурæтæ фæтар сты. Нæ бахъом стæм хæстæй хи аиуварс кæнын Европæйы уыцы структурæтæй, кæцытæ уыдысты арызт. Дыккаг фактор у Уæрæсейы фадæттæ сæвзæрын кæной бæрзонд рискытæ. Адæм куы фрсынц цæмæн не рцыд реагирдзинад 2008 азы Гуырдзыстоны тыххæй, цæмæн нæ уыд реакци 2014 азы, Хъырымы оккупацийы тыххæй, мах уынæм Уæрæсейы бынтон хъауджы рискытæ æвзæрын кæныны фадæттæ, рагагъоммæ прогноз саразын цæмæн гæнæн нæ уыд ахæм фæндæгтæй.
Уæрæсе бахъом ис арæны иу ран 100 минæй фылдæр æфсæддоны мобилизаци скæнын æмæ дзырдта, ома дам уыдысты ахуыртæ, фæлæ дзы уыдонæй спайда кодта сæйраг горæт Киевмæ бырсты тыххæй. Афтæдæр федтам аргументацитæ масон скуынæгы хæцæнгарзыл. Европæйы бæстæтæ дзуарынц, цæмæй гæнæн ис тактикон атомон хæцæнгарзæй спайда уа. Хуымæтæг æмбстæгтæ министры уынджы бауромынц æмæ йæ фæрсынц, тардиционæй нын тыхджын æфсæддон тыхтæ ис, фæлæ цы кæнæм, кæд нæм бартхъирæн кæндзысты тактикон атомон хæцæнгархзæй. Украинайы афтæдæр уынæм, цæмæй хæсты æгъдæуттæ бынтон фæтар сты. Женевæйы конвенци не ххæст кæнынц. Уынæм сексуалон тыхмидзинад, сабыр æмбæстæгтыл тыхдзинад. Бынтон хъауджы уавæры стæм æмæ тынг цырддзаст» – райхъусын кодта Пека Хаависто.