Педро Санчес - Æхсызгон мын у, дуар кæй байгом кодтам Ныгуылæн Балкантæн, Украинайæн, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæн
Испанийы премьер-министр Педро Санччес Давосы уагъд панелон дискуссийыл Евроцæдисы фидæны æмæ Иугонды ауæрæхы фæдыл фæныхас кода.
Санчес юбанысан кодта цæмæй 2023 азы дыккаг æрдæджы, Евроцæжисы Советы президентдзинады рæстæджы, Испани уæнгсуæвыны фæдыл бадзырдты процесс сызмæлын кодта.
«Испанийы президентдзинады рæстæджы райдыдтам уæнгсуæвыны фæды бадзырдтæ Украинаимæ, Молдовæимæ, Ныгуылæн Балкантимæ. Ацы ауæрæх омы æмæ йын хъæуы нæ институты æмæ уынафæрахæссыны процессы реформæ, уынаффæтæ æмхъæлæсонæй рахæссынæй хъæлæсты фылдæрмæ, фæлæ ахæм у инструмент. Сегасдæр ныаниуæгджын у геополитикон ивддзинад, кæцыйы æвдисæн фустдзыстæм æввахс азт. Мæ ъуыдымæ гæсгæ, уый дзæбæх у æмæ афтæдæр стабилон скæндзæн цыбр æмæ астæуккагæмгъуыдджын перспективæйы уавæр Европæйы хурыскæсæны.
Ис мын позитивон разæнкъарæн, цæмæй цы æрцæудзæн Европæйы æввахс азты. Бирæ сахуыр кодтам фæстаг 4-5 азы дæргъы цы кризистæ бавзæрстам уыдонæй – пандемийæ æмæ æнæрмæст уымæй, Украинайы хæстæй. Ныр та бирæ федералон дæдр æмæ интегриргонд Евроцæдис фендзыстæм. Райгонд дæн, цæмæй дуар фегом кодтам Ныгуылæн Балкантæн, афтæма Украинайæн, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæн», – рахйъусын кодта Педро Санчес.