Павел Герински – гуырдзиæгты аскуыддзаг кæнинаг у, цы закъонтæ сæм уыдзæн бæстæйы, фæлæ Шарл Мишел æмæ æндæр идертæ куыд загътой афтæмæй, ацы закъон Гуырдзыстонæн нæ баххуыс уыдзæн Евроцæдисимæ æрыввахс кæнынæн
Гуырдзыстон у сæъ\ибар æмæ хæдбар бæстæ. Гуырдзиæгты аскуыддзагкæнинаг у цы закъонтæ сæм уыдзæн бæстæйы – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты тыххæй журналисттæн фехъусын кодта.
Евроцæдисы минæвары журналисттæ бафарстой, «ацы закъон фæстагмæ куы райсой, цы фæстиуæг йын удзæн зæгъгæ, Гуырдзыстонæн уыдзæн æви нæ Евроцæдисимæ бадзырдтæ райдаыны шанс?».
«Куыд Евроцæдис мах цыт кæнæм кæцыфæнды уынаффæйæн, кцы хаст уыдзæн Гуырдзыстоны. Фæлæ, Европаг Советы президент, Шарл Мишел æмæ æндæр европаг лидертæ куыд загътой афтæмæй, ацы закъон нæ баххуыс уыдзæн Гуырдзыстонæнр Евроцæдисимæ æрыввахс кæнынæн» – банысан кодта Герчински.
Фарстыл, зæгъгæ хъуамæ йæ хъус æрдара Гуырдзыстоны хицауад партнер бæстæтæм æви нæ, евроцæдисы минæвар сдзуапп кодта:
«Æз дæн фæсарæйнаг дипломат. Мæ роль нæу Гуырдзыстоны хицауады кæнæ кæцыфæнды æндæр политикон партийæн Гуырдзыстоны уынаффæтæ дæттын. Гуырдзиæгты аскуыддзагкæнинаг у, цы фидæн сæ фæнды сæ бæстæйæн. Мæ роль у, бавдисон, цы нысаниуæг уыдзæн Гуырдзиæгтæн Еврцоæдисы уæнгдзинад, цы пайда æрхæсдзæн уый гуырдзиаг адæмæн æмæ афтæдæр, равдисон ам, Гуырдзыстоны хаст æндæр æмæ æндæр уынаффæты фæстиуджытæ. Фæлæ уынаффæтæ хъуам хаст уой Гуырдзыстоны гуырдзиæгты æрдгæй, фæсарæйнæгты æмхайадæй нæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, гуырдзиаг адæмы бирæ фæлтæр тох кодта уый тыххæй, цæмæй сæ фидæны тыххæй уынаффææ, æндæртæ нæ фæлæ – сæхæдæг рахастаиккой» – райхъусын кодта Павел Герчински.