Павел Герчински хъусын кæны, цæмæй премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы инициативæйæ, абон æндæр æмæ æндæр бæстæты минæвæрттимæ ацæудзæн
Нысаниуæгджын у, дипломатон æхсæнады æмæ премьер-министры, афтæма алы министры æхсæн уа информацийы баивд куыд гæнæн ис афтæ интенсивон, сæрмагондæй ерын, æлхынцъаг моменты куы стæм уæд – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар, Павел Герчински райхъусын кодта.
Герчинскийы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны премьер-министримæ абон æндæр æмæ æндæр бæстæты минæвæртты фембæлд ацæудзæнæ æм фембæлды инициатор у Ираклий Гъарибашвили.
«Мæ бон у, сбæлвырд кæнын, цæмæй ацы æхсæв фембæлдзыстæм Гуырдзыстоны премьер-министримæ. Ацы фембæлд уыдзæн йæ инициативæйæ, фæлæ нæ кæрæдзиимæ регуляронæй фембæлæм. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй дипломатон æхсæнады æмæ премьер-министры æхсæн,а фтæма хицауады, алы министры æхсæн информацийы баивд у куыд гæнæн ис интенсивондæр, сæрмагондæй та ерын, æлхынцъаг моменты куы стæм, Еврокомисси октябры куы публикацис кæндзæн ауæрæх кæныны фæдыл хыгъдлæвæрд æмæ уый фæстæ Евроцæдис 27 уæнг паддзахады лидер рахæсдзæн уынаффæ фæдылдзог къахдзæфты фæдыл.
Фæхуыдта нæ премьер-министр. Æз куыд зонын афтæмæй, ацы хуынд уыдис Гуырдзыстоны уæвæг Евроцæдисы алы бæстæйы минæвармæ, афтæ куыд уыцы минæвæрттæ, кæцытæ æндæр регионтæй кусынц Гуырдзыстоны. Нæ зонын, цал коллегæ райсдзæн хайад фембæлды. Ныфс дарын, цæмæй иууылдæр уыдзысты. Уый тыххæй цæмæй инициативæ премьер-министры офисæй рацыд, фенæм куы æй ауадздзысты, фæлæ мæ фæнды зæгъын, цæмæй мах регуляронæй фембæлæм æмæ ныхас кæнæ æргомæй, хъуыддаг Евроцæди-Гуырдзыстоны ахастытæм куы æххæссы уæд. Фембæлд абон изæр ацæудзæн. Ис нын тынг æргом æмæ зæрдиаг жискусситæ Гуырдзыстоны хицауадимæ, уый нымæцы премьер-министримæ æмæ ацы дискусситы рæстæджы æркæсæм алы фарста, кæцы Евроцæдис-Гуырдзыстоны ахастытæм куы æххæссы уæд» – райхъусын кодта Павел Герчински.