Павел Герчински -  Еврокомисси æмæ Евроцæдисы уæнг  бæстæтæ  аргъ скæндзысты  Гуырдзыстоны  прогрессæн, алцыппæт сараздзыстæмб цæмæй уын баххуыс кæнæм, позитивон фæстиуæгы ныфс нæм ис, кæцы нысан кæны  кандидаты статус
Павел Герчински - Еврокомисси æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæтæ аргъ скæндзысты Гуырдзыстоны прогрессæн, алцыппæт сараздзыстæмб цæмæй уын баххуыс кæнæм, позитивон фæстиуæгы ныфс нæм ис, кæцы нысан кæны кандидаты статус

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар, павел Герчинскийы  фидиуæнæй,  абон Гуырдзыстоны  парламенты  комитетты сæрдæрттимæ фембæлдыл  рекомендациты фæдыл цæугæ  куыстытæ  афлæгстой.

Афтæма йæ  дзырдæй,   зæгъгæ Евроцæдисы минæварад  процессы Гуырдзыстонæн  баххуыс кæнынæн алцыппæт  сараздзæн.

Павел Герчински ныфс дары, ома афæдзы  кæрон, кандидаты  статусы фæдыл фæстиуæг   позитивон уыдзæн.

«Абон тынг  æфсæст  бон мын уыд  Гуырдзыстоны  парламенты.  Фæуазæг дæн   пароламентон  комитетты цалдæр сæрдармæ, фæлæ фембæлдзынæн алы  комитеты сæрдаримæ.  Фембæлдтæ  райдыдтам  Европæимæ интеграцийы  комитеты, фæсарæн хъуыддæгты  комитеты, адæймаджы барты  хъахъхъæды  æмæ  юридикон  комитетты сæрдæрттимæ а.х. 12  пунктджын  приоритеттимæ баст  цæугæ  куыстытыл.   Æмтгæй  зæгъгæйæ та,   афæлгæстам  Гуырдзыстоны  æрыввахс  Европаг стандарттæм  æмæ прициптæм, уымæн æмæ  ацы азы  кæрон   нырма Еврокомисси, стæй та Евроцæдисы уæнг бæстæтæ  аргъ скæндзысты  Гуырдзыстоны  прогрессæн æмæ рахæсдзыстæм уынаффæ дарддæры къахдзæфты фæдыл Гуырдзыстоны тырнынадмæ гæсгæ,  суа евроцæдисы уæнг.

Куд Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар, цæй зæгъын æй хæъуы, алцыппæт  сараздзыстæм, ацы процессы  сымахæн баххуыс кæнынæн. Ныфс мæ  ис  позитивон фæстиуæг уыдзæн   ацы  азы кæрон.  Позитивон фæтсиуæг та нысан кæны  дарддæры къахдзф Гуырдзыстонæн  Евроцæдисы  уæнгдзинадмæ, сæрмагондæй та,  кандидаты статус.  Мах æнæрмæст  нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм, фæлæ ма  цæттæ стæм,  баххуыс кæнæм  куыд Гуырдзыстоны хицауадæн, афтæ  парламентæн  цæугæ  куыстыты», –   райхъусын кодта Павел Герчински.