Японийы æлхæд 100 гибридон электромобилæй патрулон полици пайда кæндзæн – уый фæдыл мидхъуыддæгты министр парламентон комитетыл ралæуды рæстæджы расидтис.
Гиорги Гахариайы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны Японийæ балхæдта 100 гибридон электромобилы.
«Иу дзæбæх хабар уын хъуамæ зæгъон. Цъус рæстæджы размæ уыдис япойнаг хицауады ахæм грант, кæцыйы тыххæй бадзырдтам æмæ Гуырдзыстонмæ нæм иу къукырийы размæ æрцыдис 100 гибридон электромобил. Логика уыдис æмæ фæзынд идея, цæмæй хицауады уæнгты рабадын кодтаиккам ацы автомобилтыл, фæлæ нæ куырдиаты бындурыл, ацы транспортон фæрæзтæ лæвæрд æрцæудзæн патрулмæ» – расидтис Гиорги Гахариа.