«Патриотты Альянс» Тбилисы, АИШ-ы минæварады цур акци уадзы [фото]
«Гуырдызстоны Патриаотты Альянс» Тбилисы, АИШ-ы минæварады цур акци уадзы.
Протест амеркиаг æхсæнадæмон организациты – «NDI» æмæ «IRI»-ы Тбилисы филиалты ныхмæ у æмæ Гуырдзыстоны æхсæнадон хъуыдыйы иртасæнмæ æххæссы.
«Патриотты Альянсы» хъусын кæнынц, цæмæй минæварады цур акцийæ сæ ф æнды, сидт арвитын Америкæйы хицауадмæ, ома «Исты амлæттæй бацархаæт, бауромæт гæдыдзинад æмæ кæрон скæнæнт Гуырдзыстоны «NDI» æмæ «IRI»-ы знаггадгæнæг куыст».
«Патриотты Альянсы» хъуыды кæнынц, цæмæй ахадæг америкаг организациты филиалтæ Гуырдзыстоны антихицауадон куыст кæнынц.
««NDI» æмæ «IRI»-æн зæгъæм Нæй! Хъусын кæнæм АИШ-ы хицауадæн, ома бафæлладыстæм, фæлмæцыд æмæ æфхæрд стæм адæм. Курæм, фæтобæ уæд «NDI» æмæ «IRI»-ы куыст Гуырдзыстоны, ацы гæдыдзинад кæрон скæнын хъæуы. Абоны акцийы æркуырдты, реалон рейтингты «эндиайы» -л æууæнкы æвдисæг бæрæггæнæнтæ, цæмæй сыл адæм не ууæнды, бадæтдзыстæм конгрессментæн дæр, сенатортæн дæр, евродепутаттæн дæр, алкæмæн, афтæ кæндзыстæм, æмæ иумæ рахæцдзыстæм баиргъæвдзыстæм Гуырдзыстон. Райдайæнт фæдагуырд нæ паддзахады æмбæлон структурæтæ, коррупци у уый фæстиуджытæ куы фæмæнг кæнынц уæд. Мах уын полигон не стæм, кæцыйыл фæлварæнтæ уадзын ис гæнæн»- райхъусын кодта Ирма Инашвили.