Патриархы равзæрсты фæдыл, 11-æм майы, 09:00 сахатæй 18:00 сахаты онг, Самебайы кафедралон аргъуаны алфæмблайы, цалдæр æрдæм змæлд уыдзæн арæнæвæрд
Патриархы равзæрсты фæдыл, 11-æм майы, 09:00 сахатæй 18:00 сахаты онг, Самебайы кафедралон аргъуаны алфæмблайы, цалдæр æрдæм змæлд уыдзæн арæнæвæрд

Мидхъуыдтæгты министрады информацийæ, Гуырдзыстоны Патриархы равзæрсты фæдыл, 11-æм майы, 09:00-æй 18:00 сахаты онг, Сыгъдæг Æртæиуоны кафедралон аргъуаны алфæмблайы, рæстæгмæ арæнæвæрд уыдзæн хæдтулгæты змæлд ахæм здæхтыты.

Бухайдзейы уынгæй Самреклойы уынгмæ хæдтулгæты змæлд уыдзæн тобæгонд;

Бухайдзейы уынгыл дæр хæдтулгæты змæлд хайгай арæнæвæрд уыдзæн. Ацы хайыл змæлд уыдзæн гæнæн æрмæстдæр фистæгцæуджытæн;

Хæдтулгæты змæлд уыдзæн арæнæвæрд Ахвледианийы фæзыл æмæ Ахвледианийы хохыл; афтæ ма Ниабийы уынгæй Гумбрийы уынгмæ;

Гонашвилийы уынгæй Месхъишвилийы уынгмæ, Авлабарийы метройы станцæйы алфæмблайы, хæдтулгæты змæлд уыдзæн арæнæвæрд.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, лæууæн бынæттæ Ахвледианийы фæзыл æмæ Хетагуровы уынгыл сырæздзæн, кæцытæй Самебайы кафедралон аргъуанмæ сæрмагондæй снысангонд микроавтобустыл, кæнæ та Ахвледианы уынгыл фистæгæй ацæуæн уыдзæн гæнæн. Афтæ дæр, Авлабарийы метройы станцæйæ, фистæгæй Гонашвилийы уынгыл.