Патриархийы  хъусын кæнынц, цæмæй бахъаст кæндзысты Ниноцъминдайы пансионæй  бенефициарты ракæныны фæдыл тæрхондоны  уынаффæйыл
Патриархийы хъусын кæнынц, цæмæй бахъаст кæндзысты Ниноцъминдайы пансионæй бенефициарты ракæныны фæдыл тæрхондоны уынаффæйыл

Гуырдзыстоны патриархий Ниноцъминдайы сабион пансионы тыххæй фидиуæн  хæлиу кæны.

Патриархийы  фидиуæнæй, Ниноцъминдайы  пансионмæ адæмон хъахъхъæнæгы  бауадзынимæ баст проблемæйы фæдыл  уыдонмæ зæгъгæ ничи басидтис куырдиатæй  æмæ   уый фæдыл базыдтой медийы  фæрцы, цæй тыххæй дæр  процессмæ фæстæдæр баиу сты.

Афтæма сæ информацийæ,  уыдон бахъаст кæндзысты,  Ниноцъминдайы  пансионæй бенефициарты ракæныны фæдыл тæрхондоны уынаффæйыл.

«Нымайæм, цæмæй   пансионæй  бенефициарты  ракæныны  батагъдгонд  процесс не мбæлы  сывæллæтты хуыздæр интерестæм, уымæн æмæ    нæ  уыд  социалон кусджыты æрдгæйуым уæвæг  уавæрæн аргълæвæрд  æмæ нæдæр æмбæлон  хатдзæг  уыд бавдыст  компетентон  специалистты æрдгæй.  Нæ позициимæ гæсгæйæ,  ракæныны фæдыл батагъдгонд   æмæ æнæаргументиргонд процесс  æрмæст знаггад  кæны  хъомылгæнинæгтæн  æмæ  йæ ныхмæ у  сæ барты  æмбæлгæйæ  хъахъхъæдæн.

Нымайæм ,цæмæй  нымадмæ ист хъуамæ уыдаит  алы  сывæллоны  бар æмæ   сифтонг уыдаит  сæ интерестыл  ориентиргонд индивидуалон   планы сыххæст, цæмæй, иу æрдгæй æнахъомтæн ма уыдаит  психологион травмæ æмæ иннæ  æрдгæй та, уыдоны æфсонæн ма  ацыдаит  аргъуаны ныхмæ кампани» –  дзырдæуы  фидиуæны.

Горæты тæрхондоны  рæстæгмæ  уынаффæмæ гæсгæйæ,   æнæнизхъахъъæды  министрады æмæ  паддзахадон  аудыны агентадмæ  уыд хæслæвæрд, Ниноцъминдайы пансионы  цæрæг   амалхъомдзинад цух  сывæллæтты ракæнын аудыны æндæр   паддзахадон уагдонмæ.