Патриархий - æнæиу тыхы фæнды, махмæ уæвæг ЛГБТ чысыл къордæй спайда кæна бæрæг нысæнттæм æрцæуынæн, бæрæг кæнынц политикъон ориентиртæ æмæ аргъуан бафхæрыны фæндон дæр
Гуырдзыстоны Птариархий хатыд уавæры фæкарзы тас, цалдæр боны размæ сарызта превентивон фидиуæн, абон та нырид бæрæг у, цæмй а.х. ЛГБТ-прайды ауадзынмæ гæсгæ, дзыллæйы мидлæг ис знæтдзинад; бæрæг у уый дæр, цæмæй æнæиу тыхы фæнды, махмæ уæвæг ЛГБТ чысыл къордæй спайда кæна бæрæг нысæнттæм æрцæуынæн. Ацы нысæнтты бæрæг кæнынц политикъон ориентиртæ æмæ аргъуан бафхæрыны фæндон дæр – уый тыххæй дзырдæуы Гуырдзыстоны партриархийы ахæлиугонд фидиуæны.
«Факт у, цæмæй сæ фæнды ацы акци ахæм уавæрты ауадзын, цыран æндæр æм ææндæр этносы æмæ дины цæрджытæн ацы архайд нымад цæуы куыд аморалон æмæ джелбет æфхæрæгæй æмæ æвзæрын кæны рæстаг протест традицион хæзнаты хъахъхъæнæг адæймæгты æхсæн.
ДЗырды æмæ хъуыдыйы сæрибары кой куы кæнынц, уæд цæннæ дзурынц, цæмæй Гуырдзыстоны конституцийæ æмæ æхсæнадæмон закъондæттынадæй ацы сæрибардзинад, куыд æнæабсолютон, гæнæн ис арæнгонд æрцæуа, кæд уый йæ ныхмæ цæуы бæстæйы уæвæг моралон хæзнатæн æмæ æвзæрын кæны реалон тас адæмы æхсæн быцæудзинады æмæ мæстыдзинады. Хицауад хæсджын у райса мадзæлттæ, бæстæйы сабырад бахъахъъæнынæн.
Мах æнæ иу хатт райхъусын кодтам æмæ абон дæр дзурæм, цæмæй нæхи иуварс кæнæм цыæнды хуызы тыхмийæ, тыхмидзинады æрдæм сидтæй æмæ фыдзæрдæ æвзагææй, кæмæй фæндыдæр цæуæт.
Хаххгондæй нæ фæнды банысан кæнын уый дæр, цæмæй ЛГБТ къордты активондзинæдты организатортæ æмæ æххуысгæнджытæ, нæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы тыхы пайдайæн архайынц, кæцытæ нæ бæстæйы ныгуылæйнаг ориентацийы ныхмæ сты.
Ныфс нæ ис, цæмæй Гуырдзыстоны аккредитацигонд æхсæнадæмон организацитæ æмæ минæварадтæ сæ зæрдыл бадардзысты ацы реалондзинад æмæ сæ тыхархайд ахъаззаг уыдзæн æмбæстагон мидбыцæудзтинадæй хиаиуварс кæнынæн.
Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан бирæ хатт райхъусын кодта сæрмагонд æнцойад бæстæйы ныгуылæйнаг ориентацийы æрдæм, уымæн æмæ зонæм цæмæй иууон Европаг бинонтæм тырнын, националон хæзанатыл, традицитыл, хæдбындурдзинадыл – нæзагъд ракæнын нæ нысан кæны. СИдæм процессы баст æхсæнадæмон организацитæм æмæ диполмативон корпусы минæвæрттæм, ма фесафæт ацы ахаст Гуырдзыстоны цæрджытæн» – банысангонд у фидиуæны.