Патриархат - «Бинонты хызнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» закъон скуыддзаггæнæг къахдзæф у гуырдзиаг нацийы хæдбындурдзинады бæрæггæнæг хæзнатæ бахъахъхъæнынæн
Гуырдыстоны хицауады ист закъон «бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» размæ арызт æвæрццаг къахдзæф у, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Патриархаты æхсæнадимæ ахастыты куысты ахæлиугонд фидиуæны дзырдæуы.
Фидиуæны дзырдæуы, цæмæй Гуырдзыстоны абон, афтæ куыд Дунейы бирæ бæстæйы, бинонты хæзнаты хъахъхъæд нысаниуæгджын расидтæй фестад.
«Гуырдзыстоны аргъуан иудадзыг хъахъхъæдта æмæ хъахъхъæны нæ фæсивæды идеологитæй, кæцытæ йæ бын къахынц традицион бинонты структурæйæн.
Цалдæр азы размæ скъолайы ахуыры предметæй ахуыргæнинагы æмæ ахуыргæнæджы чингуытæ Гуырдзыстоны Патриархийы карз æмæ рæстаг критикæ расайдтой, уымæн æмæ ацы чингуыты иуæй-иу темæ гомæй хахх кодтой, бинонты хæзнаты фегад кæнынæн. Дæргъвæтин æмæ активон тыхархайд бахъуыд LGBTQI пропагандæ дарæг пасажты ахуыргæнæн ресурстæй рацух кæнынæн, уымæн æмæ ахуыргæнæн чингуытæ хъуамæ æмбæлон уа нæ фундаментон хæзнатæм.
Уыимæ иумæ LGBTQI пропагандæйы ахæлиу бирæ хатт сарызта нысаниуæгджын социалон хъаугъа дзыллæйы æмæ æндыгъдады инструментæй дæр фестад уыдоны къухты, чидæриддæр поляризаи фæарфдæрмæ тырнынц.
Ацы тенденцитæй рацæугæйæ, Гуырдзыстоны абоны хицауады ист закъон «бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» æвæрццаг размæ арызт къахдзæф у.
Ныфс дарæм, ацы закъон дзæбæх фæстиуæгджытæ æрхæсдзæн нæ дзыллæйы фарнæн, уымæн æмæ уый нысаниуæгджын æмæ скуыддзаггæнæг къахдзæф у гуырдзиаг нацийы хæдбадрдзинады бæрæггæнæг традицион хæзнатæ бахъахъхъæнынæн», – дзырдæуы фидиуæны.