Тæригъæд у зиæнттæй сеппæтæй уæззау дæр, кæцы адæймагы сафæг свæййы – уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг, Самебайы кафедралон аргъуаны абоны куывды фæстæ.
«Тæригъæд у – сеппæтæй тæссагдæр сафæг адæмагæн, кæцы адæймагыл удыл бызычъийау æрзайы, æмæ кæцыйæ алы адæймаг хъуамæ фервæза. Уый тыххй дæр нын Æппæтысыгъдæг Фыд фæзæгъы: Хуыцау , искæй тæрхон æмæ фидистæ кæныны фæлтау мын рарвит мæ тæригъæдтыл фæсмон. Куыд хъуамæ фæтых уа адæмйаг йæ тæригъæдыл, фыццаджы дæр уый хъуамæ йыл зæрдиагæй фæфæсмон кæна. Нæй гæнæ æмæ рмæстдæр нæ сæры зондæй рæстытæ кæнæм нæхи нæ тæригъæдтæй» – расидтис Æпттæ Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг.
Абон рстдинон аргъуан бæрæгбон кæны Хатыры хуыцаубон, сом та райдайдзæн стæр мархо.