Паспортты тыхы  глобалон идексы гуырдзиаг  паспорт  39-æй  15-æм бынатмæ  схызтис
Паспортты тыхы глобалон идексы гуырдзиаг паспорт 39-æй 15-æм бынатмæ схызтис

Паспортты  тыхы глобалон индекс   (The Passport Index) коронавирусы тыххæй  уагæвæрд   балцыл æрбайсгæ  арæнæвæрдтæм гæсгæ   ранæуæг ис.  Ног бæрæггæнæнтæй,  тыхмæ гæсгæ  гуырдзиаг паспорт  ныр   15-æм бынат ахсы. 2019 азы  Гуырдзыстон  ацы номхыгъды   уыдис 39  бынатыл.  Номхыгъды  ныр фыццаг бынатыл сты  Япони æмæ   Ног Зеланди. 

Паспорты индекс у  интерактивон  онлайн-гарзæг, кæцы æнхъары бæрæггæнæнтæ æндæр æм ææндæр бæстæйы  паспорты  фæдыл,  уый  нымæцы дунейы   паспортты абарыны фадат. Сервисы хицау  у  канадайаг  консультацион компани Arton Capital.

Паспортты рейтинг æнцойæвæрд у конкретон  паспорты хицæутты  змæлды сæрибардзинады барыл æмæ  æнæвизæйæ  балц кæныны фæрæзыл.

Вебфарсы бæрæггæнæнтæй,   Гуырдзыстоны  паспорт кæмæ ис  ахæм  уæнгтæн,  æнæвизæйæ балц кæнын сæ бон  у 57 паддзахадмæ,  35 бæстæйы та  сæм визæ  лæвæрд  цæуы   арæныл, 106  бæстæмæ  ацæуынæн та   сæ бахъæудзæн визæ.