Парламенты  уалдзæгон сессийыл, фылдæрты æхсæн сырæздзæн дыууæ ног фракцийы
Парламенты уалдзæгон сессийыл, фылдæрты æхсæн сырæздзæн дыууæ ног фракцийы

 

Гуырдзыстоны  закондæттæг органы,  ног парламентон сезоны  сæвзæрдзæн  цалдæр ног фракцийы.

Ног фракциты  саразын  хъавынц  парламентон фылдæрты мидæг.  Уый фæдыл журналиттæн фехъусын кодта  парламентон фылдæрты лидер Арчил Талаквадзе.  ЙÆ ныхæстæм гæсгæ  ног фракцитæ арæзт æрцæудзæысты   уалдзæгмæ.

Сæ конфигураци та бæрæг суыдзæн  уый фæстæ,  хицаугæнæг  балы мидæг куы ацæудзысты консуцльтацитæ  фарсты алыварс.

«Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар  та банысан кодта,  цæмæй  парламентон  фылдæрты æхсæн,  æдæппæт уыдзæн  аст  фракцийы. Мдинарадзе  журналисттæн куыд фехъусын кодта афтæмæй,     парламентон  фылдæрты  æхсæн уыдзæн  æхсæз   фракцийы,  æмæ æфтауцæй дыууæ та   бахъæудзысты   хуыздæр  менеджмент æмæ координацидзинады тыххæй.

Депутаты  ныхæстæм гæсгæ,   фракциты сырæзт   баст нæу  хицауады ивдтытимæ зæгъгæ.