Парламенты сног уыдзæн Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджыты равзæрсты процесс
Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджыты æнæмгъуыдæй сывзарыны процесс парламенты абонæй сног уыдзæн. Кусæн къорды фæлгæтты, абон юстицийы советы бавдыст кандидатты документты закондæттынадмæ æмбæлондзинад сбæрæг кæндзысты, цæй фæстæдæр юридикон фарстæты комитеты рабадтыл æртыккаг инстанцийы тæрхонгæнджытæм кандидаттæм хъусыны процедурæтыл æрныхас кæндзысты.
Фылдæртæй хъауджы оппоцийы хай нымайы, ома процессæн нæй æууæнк. Парти «Гирчи»-ы уæнг, Сандро Раквиашвилийы фидиуæнæй, процесс ахъаззаг нæ уыдзæн тæрхонон системæйы фæхуыздæрæн, уымæн æмæ фæткдар бал Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджыты æндæр æмæ æндæр къордтимæ консессусæй цух бæлвырд кæны.
«Ацы процесс сæрæй уыдис æнæраст. Нæ уыд нысан, цæмæй нæ тæрхонон системæ фæхуыздæр уа. Нысан куы ис, цæмæй скомплект уа хъæугæ тæрхонгæнджытæй тæрхонон системæ æмæ æндæр æмæ æндæр къордтимæ разыйæ, уый архайд дæр нæ уыдис «Гуырдзиаг Бæллиццы» æрдгæй. Уæд бæрæг у, цæмæй ахæм снысан, ноджы фылдæр фæкарз кæндзæн уавæр тæрхонон системæйы», – райхъусын кодта Сандро Раквиашвили.
Фæткдар балы та бахахх кодтой процесс æргом кæй у, уый. Юридикон фарстæты комитеты сæрдары хæдивæгы, Давит Матикашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидатты сывзарыны процедурæ æхсæнадæмон партнерты рекомендацимæ æмбæлгæйæ уыд бакуыст.
«Парламенты регламент йæ хъуыдыйы дары, цæмæй цы процедурæтæй цæудзæн ныхас Сæйраг Тæрхондоны кандидаттимæ. Процедурæ бакуыст у Гуырдзыстоны парламенты. Бирæ хатты уыд æргом Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм хъусын. Æхсæнадæмон партнерты æмбæлгæ профилон институтты хайадæй æмæ ацы процедурæ афтæдæр каст æмæ бæлвырд уыдзæн комитеты рабадтыл», – райхъусын кодта Давит Матикашвили.
Юстицийы Совет бадзырды фæстиуæгæн закондæттæг органмæ бавдисынæн цыппар кандидаты равзæрста. Теа Дзимистарашвили, Тамар Окропиридзе, Нино Сандодзе æмæ Генади Макаридзейæн, Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнæджы мантий райсынæн, 76 депутаты разыдзинад бахъæудзæн.