Парламенты раз  Евроцæдисы тырыса фæстæмæ уæлæмæ  систой
Парламенты раз Евроцæдисы тырыса фæстæмæ уæлæмæ систой

Гуырдзыстоны парламенты раз   тырыса  фæстæмæ уæлæмæ  систой.  Закъондæттæг органы раз   тырыса  патрулон пъæлицæйы  кусджытæ  систой.

Уæдмæ «Альт-Инфо» æмæ «Консервативон  змæлды»  минæвæрттæ  парламенты  бæстыхайы цур  акци ауагъдтой.   Акцийы  хайадисджытæ   парламенты бæстыхайы  раз фæйлауæг  Евроцæдисы  тырыса   рæистой æмæ  йæ басыгъдтой, æрмæст йæ бынаты та цалдæр хатт бахъавыдысты  Гуырдзыстоны  тырыса  рцауындзын. Уавæр пъæлицæй   æрсабыр кодта.