Парламенты райдыдта адæмон барты  хъахъхъæнджытæм кандидаттæм хъусын
Парламенты райдыдта адæмон барты хъахъхъæнджытæм кандидаттæм хъусын

Парламенты адæмон барты хъахъхъæнджытæм кандидаттæм хъусын райдыдта. Ацы минутты  адæймаджы  барты хъахъхъæды комитеты рабадтыл  хъусынц Ана Абашидземæ, кæцыйы  парламентмæ  бавдыстой оппозицион партитæ.

Анна Абашидзе  депутаттæн сæрмагонд куысты  фæдыл информаци зонгæ кæны.

Процедурæмæ  гæсгæйæ,   адæмон барты хъахъхъæнджытæм кандидатты  рацыды  фæстæ, депутаттæн фарстыты фадат уыдзæн. Абоны  рабадтыл ноджы дыууæ   кандидат, Гиорги Бурджанадзе æмæ Марика Аревадземæ байхъуыст у плангонд.

Омбудсмены  бынатмæ  равзарынæн   парламентмæ  бавдыст уыд 19  куырдиат  æмæ  депутаттæ сæ 19 аппликантмæ байхъусдзысты.