Парламенты пленарон рабадтыл  депутатты æхсæн ноджы иу  быцæуæмбæлд æрцыд
Парламенты пленарон рабадтыл депутатты æхсæн ноджы иу быцæуæмбæлд æрцыд

Парламенты пленарон рабадтыл  радон  быцæуæмбæлд  æрцыд.  Быцæуæмбæлд  оппозицион депутат Тариэл Накаидзейы  ралæуды фæстæ райдыдта.   Уымæ фæбыцæу сты фылдæрты  уæнгтæ.

« Ма ауæй кæнут Гуырдзыстоны сæрибардзинад æмæ европаг фидæн. Доны  ма акалут  нæ фыдæлты сгуыхтдзинад.  Кæд  бæстæйы скуынæгыл бафысдзыстут къух, Орджоникидзеты  фарсмæ  уыдзыстут» – раздæхтис  фылдæртæм Накаидзе.

Фæнысангонд фидиуæны аразыны рæстæджы, уымæ  фылдæрты уæнг Алуда Гъудушаури бацыдис. Фылдæрты уæнгтæ Тариэл Накаидзейы «номырджын агентæй» схуыдтой.