Парламенты пленарон рабадтыл депутатты æхсæн ноджы иу быцæуæмбæлд æрцыд

14:50, 14.05.2024

Парламенты пленарон рабадтыл  радон  быцæуæмбæлд  æрцыд.  Быцæуæмбæлд  оппозицион депутат Тариэл Накаидзейы  ралæуды фæстæ райдыдта.   Уымæ фæбыцæу сты фылдæрты  уæнгтæ.

« Ма ауæй кæнут Гуырдзыстоны сæрибардзинад æмæ европаг фидæн. Доны  ма акалут  нæ фыдæлты сгуыхтдзинад.  Кæд  бæстæйы скуынæгыл бафысдзыстут къух, Орджоникидзеты  фарсмæ  уыдзыстут» – раздæхтис  фылдæртæм Накаидзе.

Фæнысангонд фидиуæны аразыны рæстæджы, уымæ  фылдæрты уæнг Алуда Гъудушаури бацыдис. Фылдæрты уæнгтæ Тариэл Накаидзейы «номырджын агентæй» схуыдтой.

Хуыздæр