Парламенты Ника Мелиайæн депутатон иммунитет æруромыны фарстыл уынафæ кæнынц
«Националон Змæлды» сæрдар, Ника Мелиайæн депутатон иммунитеты æруромыны фарст абон парламент пленарон рабадтыл сыппардзысты хал. Пленарон рабадтыл халæппæрсты онг, фæдæвзарæг уагдоны бавдыст куырдиат æркæсынмæ прламенты æнхъæлмæ кæсынц прокуррор Амиран Гулуашвилимæ.
Фарстыл процедурон фарстæты æмæ уагæвæрды æмæ юридикон фарстæты комитеты иумæйаг рабадтыл фæуынаффæ кæндзысты.
Ника Мелиайæн депутатон иммунитет æрурæдæн не схъæлæс кæндзысты парламентон оппозицийы минæвæрттæ, хицаугæнæг балы та хъусын кæнынц, цæмæй закъоны раз, зæгъгæ алчи æмбар у æмæ Ника Мелиайы æрдгæй цъынды нæбафидыны цауы, фылдæртæ прокуратурæйы куырдиатимæ сразы уыдзысты.