Парламенты конституцион ивддзинæдтæн æртыккаг кастæй хал абон сыппардзысты
Закъондæттæг органы конституцион ивддзинæдты æртыккаг æмæ кæройнаг халæппæрст абон ацæудзæн.
Ацы рæстæгмæ позицийы фæивын нæ хъавы парламентон оппозицийы хай. «Европаг Гуырдзыстон» æмæ «Националон Змæлд» халæппæрсты хайад райсын нæ хавынц æмæ дзурынц, цæмæй цалынмæ Гиорги Руруа не ссрæибар уыдзæн, уæдмæ конституцион ивддзинæдтыл не сразы уыдзысты.
Ивддзинæдтимæ разы сты «Патриотты Альянс», «Хæдбар Депутаттæ» æмæ парламентон фылдæртæ, кæцыты хъæлæстæ ивддзинæдты райсынæн сфаг уыдзысты. Конституцион ивддзинæдты сфидар кæнынæн хъæуы 116 депутаты хъæлæс.