Парламенты юридикъон комитет фыццаг хъусыны фæстæ сразы ис конституцион ивддзинæдтимæ
Парламенты юридикон фарстæты комитет конституцион ивддзинæдтимæ, фыццаг хъусыны фæстæ сразы ис. Хъæлæскæнынад цалдæр минуты размæ ацыд. Фæстиуæгæн конституцион проектæн йæ фарс рахæцыд 13 депутат, сæ нымæцы сты оппозицийы минæвæрттæ. Иунæг, кæцы хъæлæскæныны процедурæйы хайад нæ раста, уыд Шалва Шавгулидзе. Конституцийы проект æркæсынмæ фыццаг хъусыны режимы, сом бавдисдзысты парламенты пленарон рабадтыл. Растдæр сом ацæудзæн хъæлæскæнынады пленарон рабадтыл дæр.
Конституцион ивддзинæдты райсынæн 113 депутаты разы хъæлæс хъæуы. Уымæ гæсгæйæ æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццæн» ацы рæстæгмæ ис 84 депутат, бахъæудзæнис ма оппозицийы хъæлæстæ дæр.
Конституцион проекты фæдыл абон политикон фарсытæ æрдзырдтой, цæмæй куыд «Гуырдзиаг Бæллицц» афтæ оппозици дæр разы кæнынц æвзарæнон барьеры 5-æй 2 проценты онг æрныллæг кæнынимæ. Хъауджыдæрдзинад ис æрмæст генералон прокурроры сывзæрсты уагмæ гæсгæ. Уæвæг редакцимæ æмбæлгæйæ, генералон прокурроры хъуамæ сывзарой æртæ этапæй. Сæрмагондæй та, фыццаг æмæ дыккаг хъæлæскæнынад хъуамæ ацæуа æмæ генералон прокурроры бынатмæ кандидатимæ хъуамæ сразы уа 90 депутат, æртыккаг цауы та 76 депутат. «Гуырдзиаг Бæллицц» фехъусын кодта, цæмæй ацы нормæ у абсурдон æмæ растдæр уый тыххæй не сразы уыдзысты йемæ. Оппозицийы æхсæн уыд хъауджыдæр позицитæ Сæ иу хай хъуыды кæнынц, цæмæй ацы уаг у хъæугæ уый тыххæй, цæмæй системæ стынг уа. Иннæ хайы позици та у, цæмæй ивддзинæдтимæ сразы уыдзысты, фæлæ сæ ныхæстæм гæсгæ, генералон7 прокурроры сывзарын уагы ивддзинады тыххæй йæ зæрдæмæ нæ цæуы «Гуырдзиаг Бæллиццæн».