Парламенты Гуырдзыстоны Фыццаг Конституцийы 100 азы юбилеймæ нывонд бæрæгбонон рабадт ацæудзæн
Абон 21 февралы Гуырдзыстоны парламент фыццаг конституцийы 100 азы юбилеймæ нывонд мадзæлттæн сфысым кæндзæн.
Гуырдзыстоны парламенты дзурынц, цæмæй мадзæлтты фæлгæтты, парламенты сæрдар Арчил Æлакъвадзе æмæ стыр гуырдзиаг æхсæнадон архайæгы байзæддаг, 10 аздзыд Эвктиме Æхъаишвили, «Эвктиме Æхъаишвилийы номыл гуырдзиаг парламенæризмы музей» бакæндзысты.
Фыццаг Конституцийы 100 азы юбилеймæ нывонд бæрæгбонон рабадтыл, кæцы пленарон рабадтыты залы ацæудзæн, дзырдæй ралæудзысты парламенты сæрдар Арчил Æлакъвадзе, президент Саломэ Зурабишвили, премьер-министртæм кандидат Ираклий Гъарибашвили æмæ конституцион тæрхондоны сæрдар Мераб Турава.
Парламенты пресс-куысты хъусинагæй, мадзæлтты фæлгæтты, парламентон фылдæрты лидер, «Гуырдзиаг Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстоны» сæрдар Ираклий Къобахидзейы, «Сæрибары парламентон орденæй» схорзæхджын кæндзысты. Законæй бæрæг æмбæлгæ хцайæ хорзæх Ираклий Къобахидзе онкологион диагноз цы сабитæн сывæрдтой уыдоны хыгъдмæ арвитдзæн.
Уыимæ иумæ, закъондæттæг органы иуыл цъус 25 азы дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй, парламенты аппараты 13 кусæгы схорзæхджын кæндзыстыю
Мадзалыл уыдзысты Гуырдзыстоны президент, премьер-министртæм кандидат, автономион республикæты хицауадты æмæ Бæрзонддæр советты сæрдæрттæ, дипломатон корпусы минæвæрттæ, Гуырдзыстоны конституцион æмæ Сæйраг Тæрхондоны сæрдæрттæ, Тбилисы мер, Тбилисы сакребулой сæрдар, Патриархийы æмæ религион конфесситы минæвæрттæ, атæма, вктиме Æхъаишвилийы байзæддæгтæ.