Парламенты фæззыгон сессийы  фæлгæтты кусын райдайдзæн 6 сентябрæй
Парламенты фæззыгон сессийы фæлгæтты кусын райдайдзæн 6 сентябрæй

Парламенты  фæззыгон  сессийы  фæлгæтты  кусын райдайдзæн  6 сентябрæй.  Регламентмæ гæсгæйæ,   фæззыгон сесси  сентябры фыццаг   дыццæджы  байгом уыдзæн.

Фæззыгон сесси  æвæццæгæн  пленарон рабадтæй  байгом уыдзæн  æмæ  6-9  сентябры къуырийы  пленарон   рабадтытæ  æрхондзысты.

Дæсæм  æрсидты парламенты ацы  фæззыгон сесси  æфсæст уыдзæн   уымæ гæсгæйæ,   æмæ  закъондæттæг  органы   дæс кусæг къорд  Еврокомиссийы 12  рекомендацийы сыххæстыл кусы  æмæ се рцæттæгонд   законопроектты  инициркæнын æмæ æркæсын  плангонд у растдæр сентябрæй.

Парламенты бахъæудзæн  цалдæр  кадрон  скуыддзаг рахæссын.  Сæ нымæцы, сывзаринаг у ЦÆК-ы  сæрдар  æмæ ЦÆК-ы  уæнгтæ.

Фæззыгон сессийыл хъусдзысты   цалдæр  уагдоны  афæдзон хыгъдлæвæрдмæ. Сæ нымæцы  адæмон   хъахъхъæнæгы, паддзахадон  æдасдзинады  куысты æмæ  генералон прокуратурæйы. Парламенты бахъæудзæн  фæуынаффæ кæнын  2023  азы  бюджеты  проектыл, кæцы  парламентмæ   фыццаг октябры онг хъуамæ бавдыстæуы  æмæ  йæ закъондæттæг орган  декабры  æртыккаг майрæмбоны  онг  сфидар кæна.

Регламентмæ гæсгæйæ,   парламент  фæззыгон сесси æрыгæны  декабры æртыккаг   майрæмбоны.