Парламенты   бынаты  фарстайыл  регламенты  ныффысты фæдыл,  гæнæн ис  консультацитæ  ауадзой
Парламенты бынаты фарстайыл регламенты ныффысты фæдыл, гæнæн ис консультацитæ ауадзой

 

Парламентон фылдæртæ Гуырдзыстоны парламенты  бынат  фарстайы  фæдыл  консультацитæ  ноджы иу  хатт ауадздзысты.   Уый  фæбæрæг  цыппар  комитеты  иугонд рабадтыл,  кæцыйыл  парламенты   регламенты  ивындзинады  проект кастысты.

Депутатты  хай,   разагътой  хъуыды,  ома  парламенты  бынатæй  закъондæттынады   Кутаис  мауал хъуамæ  уа  фыст.

Парламенты   регламенты проекты  автор   æмæ  инициатор  Тамар Чугошвили   райхъусын кодта цæмæй  фарстамæ  гæсгæ  уынаффæ   ноджы  сырæздзæн.

«Конституцийы  нал  у  æвдыст  парламенты  бынат,   фæлæ  парламентырегламент  уыцы  документ у,   кæцыйы   хицæн  стати  ис  парламенты   галуаны   фæдыл  æмæ   мæ  хъуыдымæ гæсгæйæ,   æнæмæнгхъæугæ у,  бæрæг   амынд,   кæм парламенты  галуан,  уый тыххæй  дæр   уым хъуамæ  уа  фыст  Тбилисы  стæм, Кутаисы  стæм  æви  дыууæ  ран дæр.  Ацы рæстæжы   ис  дзы  политикон фарста дæр, уый тыххæй дæр  нæ къорды  мидæгæй,   фылдæрты  æхсæн дæр  нын  уыд бирæ дискусси,   æнхъæл дæн   ноджы  нæ  бахъæудзæн.  Цæй ма   банхъардзыстæм уын,   фылдæрты  æхсæн  ноджы иу хатт æрныхас кæнæм уый тыххæй,   уымæн æмæ   мын фæзын уыдзæн  алкæй  бæсты  разы дзуапп  раттын, кæнæ  та дæуд ракæнын, уымæн  æмæ   тынг   политикон  темæ  у  æмæ  иумæ   ахицæн  кæнæм куыд  нын  хуыздæр уыдзæн уый», – райхъусын кодта Тамар Чугошвили.

Гуырдызсоны парламенты фыццаг  вице-спиакер   хæдбар  депутаты, Саломе Зурабишвилийы  фарстæн ратта дзуапп,  кæцы хъуыды кæны  цæмæй  парламенты регламенты  закъондæттæг органы  бынат фыст ма хъуамæ уа.

Фарстамæ гæсгæ  комитетты иугонд  рабадтыл  сфиксир кодта хъуыды   парламентон  фылдæрты уæнг Давит Матикашвили дæр.

«Уымæн  цæмæй   конституцийы  мидæг нæй  æмбæлон ныффыст,    регламентæй  хъуамæ  ист  æрцæуа   æнæхъæнæй   бынаты   фарста  кæнæ  та  бавдыст хъуамæ  уа  дыууæ дæр  сахар. Ома  бюро  ахицæн кæна  сесситæ кæм æрцæуой  уагъд, Тбилисы æви Кутаисы», –  загхта Давит Матикашвили.

Парламенты  юридикъон фарстаты,  адæймаджы    барты  хъахъхъæды æмæ   æмбæстагон   интеграцийы,  диаспорæйы  æмæ Кавказы    фарстаты  æмæ  хъаххъæнынады  æмæ æдасдзинады   комитетты   иугонд   рабадтыл,  æркастысты Гуырдзыстоны парламенты   регламенты  ивдтытæ.

Гуырдзыстоны  парламенты   ивындзинæдты  проекты  инициатортæ сты   парламентон фылдæрты  уæнгтæ  Ираклий  Къобахидзе, Тамар Чугошвили,   Ирине Пруидзе, Гиорги Къахиани, Анри  Оханашили, Эка Беселиа, Мамука Мдинарадзе,   Арчил Талаквадзе,   Ираклий Сесиашвили, Ираклий Бераиа  æмæ Гурам  Мачъарашвили.  Закъонопроекты   автор у  парламенты  сæрдары  фыццаг   хæдивæг Тамар  Чугошвили.