Парламенты  байхъусдзысты  Тея Цъулукианимæ
Парламенты байхъусдзысты Тея Цъулукианимæ

Министры сахаты  фæлгæтты  парламенты абон  раныхасæй ралæудзæн  Тея Цъулукиани.  Парламентон  трибунæйæ министр   йæ хъусдард   раздахдзæн  системæйы  сæххæст реформæты æмæ   плангонд проектытыл æрдæм.

Фракци  «Гуырдзиаг Бæллиццы»   сæрдар, Мамука Мдинарадзейы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæ,   парламентон   фылдæртæм, министрмæ, цæугæ  реформæты тыххæй  уыдзæн фарстытæ. Мамука Мдинаралдзе   куыд банысан кодта, афтæмæй,   ног регламенты фæлгæтты, æххæсгæнæг хицауадыл  парламенты  цæстдарæгы функци,  нысаниуæгджынæй райрæзтис.

«Ног регламенты  фæлгæтты уынæм, цæмæй  министртæ   Гуырдзыстоны   парламенты   арæх  уазджытæ сты.   Уымæй та бæрæг у, цæмæй  парламентон  цард ахызт   бынтон  ног  боны фæткъмæ.  Цæмæй  министрты æрдæм æмæ æххæстгæнæг хицауады  æрдæм парламентон  цæтсдарынад фылдæр   райрæзтис æмæ  уый  æрмæстдæр позитивон у.

Юстицийы  министр Тея Цъулуканимæ нын уыдзæн бирæ  фарстытæ, сæ нымæцы  цæугæ реформæтæ  гæсгæ,  фæстаг периоды  райтынггонд  фæзындтæм гæсгæ æмæ  хъуыды кæнын, цæмæй   тынг цымидисон уыдзæн», –  райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.

Юстицийы  министры æрдæм фарстытæ  уыдзæн  парламентон оппозицимæ дæр.  Сæ  фарстытæ аххæссдзысты  тæрхонон хицауады  реформæмæ  æмæ  резонансон  тæрхонон  хъуыддæгтæм. Депутаттæ  афтæдæр бацымидис кæндзысты, цæмæй   цы æссис  Тея  Цъулукиани æмæ хицаугæнæг къорды  æхсæн æнæразыдзинады  аххосæй.