Парламенты бæстыхайы раз, змæлд «Хивæндты» уæнгтæ протестон акци уадзынц
Гуырдзыстоны парламенты бæстыхайы раз змæлд «Хивæндты» уæнгтæ протестон акцимæ рацыдысты.
Акцийы иуæй-иу организацигæнæг Лаша Джанджгъава куыд райхъусын кодта афтæмæй, уыдон абон парламенты цур æрымбырдæй солидарондзинад æвдисынц Батумы æрымбырдуæвæг адæймæгтæн.
Акцийы хайадисджыты дзырдæй, уырыссаг круизон науы æрбацыд, кæцыйы сты уырыссаг пропагандиссттæ, æнæруадзгæ у, уымæн æмæ сæ фылдæр нæ сæттынц Гуырдзыстоны оккупацийыл, иннæ хай та, сты оккупацийы фæдыл закъонсæтджытæ.