Гуырдзыстоны парламенты, «министры сахаты» форматы абон, фæсарæн хъуыддæгты министрмæ байхъусыдзысты. Сæйраг фарста, кæцыйыл депутаттæ Давит Залкалианийæн фарстытæ дæтдзысты, æххæссы Давит Гареджийы моладзандонон комплексы алыварс айтынггонд фæзындтæ.
«Фарстытæ нын уыдзæн алы æрдæм, кæцы абон боны фæткъы лæууы. Ай æххæссы оккупацигонд территоритæм, деоккупацимæ, æнæбанымады политикъæмæ, Евроцæдис æмæ НАТО-имæ æмкуысткæнынадмæ, фидæнон плæнттæм æмæ АИШ-имæ æмкуысткæнынадмæ», – райхъусын кота парламенты æддæ ахастыты комитеты сæрдар Сопо Кацарава.
Парламентон оппозицимæ, фæсарæн хъуыддæгты министрмæ фарстытæ фылдæр сты Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлды тыххæй.
«Фарстытæ нын ис Гуырдзыстоны æддаг политикъæмæ гæсгæ æмæ уыцы проблемæты тыххæй, кæцытæ нын ис абон, кæцы баст у Уæрæсейы æрдæм знаггадгæнæг ахастимæ. Сæ нымæцы уыдзæн фарстытæ Залкалианийы æмæ лавровы фембæлды фæдыл, ацы фембæлды организацидзинадыл», – райхъусын кодта «Европаг Гуырдзыстоны» уæнг Серги Капанадзе.
«Министры Сахат» ног регламентæй бæрæг формат у, кæцы парламенты пленарон рабадтыл, хицауады уæнгты хицауадон программæ сæххæсты фæдыл раныхасæй ралæуд дары йæ хъуыдыйы, цæй фæстæ дæр ацæуынц дебаттæ.