Парламентон оппозицион партиты æмæ  хæдбар  депутатты  хай  иумæйаг фидиуæн публикаци кæнынц
Парламентон оппозицион партиты æмæ хæдбар депутатты хай иумæйаг фидиуæн публикаци кæнынц

Парламентон оппозицион партитæ æмæ  хæдбар депутаттæ,  ахæлиу кодтой  фидиуæн. «Стратегиа Агъмашенебелийы»  «Националон Змæлды»  «Лелойы»  «Республикаг   Партийы» афтæма   хæдбар депутатты  фидиуæны  куыд  дзырдæуы афтæмæй,  Еврокомиссийы  12  рекоменадцийы  сыххæст,   кандидаты  статусы райст æмæ стæй  Евроцæдисы   уæнгдзинад  у  Гуырдзыстоны историон  шанс æмæ   сæйраг рард.

«Хъыгагæн, «Гуырдзиаг Бæллицц»  тæккæ сæрæй, рекомендацитæ  райстæй  бавдыста æртæ конкретон  домæн, кæцы фундаментонæй  йæ ныхмæ  у   Еврокомисиийы рекомендациты сыххæстæн.  Домæн 1:  деолигархизаци  не ххæссы  Бидзина Иванившилимæ  æмæ  улдайдæр,  олигархтæ сты  иуæй-иу  оппозицион партийы æмæ   критикон  медийы  бындурæвæрджытæ. Домæн 2: «Гуырдзиаг Бæллицц»  нæ  тæрхонон  системæйы  клан кæй ис  æмæ   тæрхондон  политизиргонд кæй у  уыимæ,  æрмæст тæрхондоны фæдыл рекомендацитæ  сыххæст процедурон фарстаты формалон алыгæй   архайы. Домæн 3: «Гуырдзиаг Бæллицц»   рагагъоммæ нæзагъд ракодта  Шарль Мишелы  бадзырдæй  бæрæг æмæ  нырид разыгонд   конституцион   ивддзинæдтæ  сыххæстыл, æрмæст  деполяризацийыл   нымайы  оппозицион   спектры  æмæ критикон    медийы  ныссус кæнын,  сæ нымæцы  хицауады   антиныгуылæйнаг  æрвитæггæгты фæдыл»  дзырдæуы   фидиуæны.

Парламентон оппозицийы   фидиуæнæй, уыдон райдыдтой  хицауадæй  хицæнæй   кусæн процесс  æмæ æрцæттæ кодтой   Европаг    рекомендациты  сыххæстæн  хъæугæ  закъондæттæн   инициативæтæ  12 æрдæмадæй  сеппæты фæдыл.

«Иннæ  къуырийы,  фæстаг разыдзинады фæстæ,  публикацигонд уыдзæн документ æмæ æмбæлгæ  закъонопроекты  бавдыст  Гуырдзыстоны  парламентмæ  сентябры  кæронмæ.  Ноджы иу  хатт  бæлвырд хъусын кæнæм, цæмæй  сегасдæр сæйраг политикон   рард у Еврокомиссийы   рекомендацитæ сыххæст кæнын, кæцымæ стæм цæттæ,  нæхимæ райсæм бæрн  нæ бавдыст  иницитивæйыл  æмæ  йæ фарс рахæцæм  Еврокомиссийы  рекомендацитæ  реалонæй сыххæстæн  хæъугæ  алы  инициативæйæн», – дзырдæуы  фидиуæны.