Парламентон фылдæры хай, «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроекты фæстæмæ асидын ахицæн кодта
Парламентон фылдæртæ, «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроект фæстæмæ асидыны уынаффæ рахаста, – уый фæдыл «Картули Оцнебайы» политикон советы «Халхис Дзалайы» æмæ парламентон фылдæрты иумæйаг фидиуæны дзырдæуы.
«Æхсæнадæн нæ фæнды базонын кæнæм, цæмæй ацыд консультацитæ «Картули Оцнебайы» политикон советы, «Халхис Дзалайы» æмæ парламентон фылдæрты уæнгты æхсæн, «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоны алыварс цæугæ политикон процессты фæдыл.
Уынæм, цæмæй ист закъон æхсæнады хъуыдыты хъауджыдзинад расайдта. Гæдыдзинады машинæйæн бантыстис закъонопроекты æппæрццагæй равдисын æмæ æхсæнады бæрæг хайы рæдыды бафтыдта. Закъонопроекты схуыдтой «уырыссаг закъонæй», æрмæст йæ фыццаг хъусынæй райст æхсæнады зайы цæсты Европаг курсæй фæзилынæй равдыстой.
Уымæй уæлдай, радикалон тыхтæн бантыст фæсивæды хайы закъоны ныхмæ архæйдтыты баласын. Бузныг хъайтар пъæлицæйæгтæн кæцытæ тыхмидзинадмæ быхсгæйæ æмæ бæрзонд стандарттæй раттой дзуапп.
Сегасдæр фылдæр хъуамæ бацауæрдæм сабырдзинадыл, æмæ экономикон рæзынадыл нæ бæстæйы, афтæ куыд Гуырдзыстоны размæцыдыл Европаг интеграцийы фæндагыл. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, æнæмæнгхъæугæ у, алкæцы нæ æмбæстагы энерги быцæудзинадыл нæ фæлæ, бæстæйы раст æрдæмадæй райрæзтыл бахардз уа.
Алцыппæт уæлдæрбанысангонды тыххæй, куыд æхсæнады алы уæнгы раз бæрнон хицаугæнæг тых, рахастам уынаффæ, æнæуæлдайныхасæй, цыфæнды аууæлттæй цух, фæстæмæ асидæм цы закъонопроектæн рахæцыдæстæм йæ фарс уый.
Эмоцион фон æрсабыр кæнынимæ иумæ, æхсæнадæн хуыздæр базонын кæндзыстæм, цæмæй цæй тыххæй хъуамæ райстаиккам ацы закъонопроект æмæ цæмæн уыдис нысаниуæгджын фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинад сифтонг кæнын нæ бæстæйы. Уый тыххæй, райдайдзыстæм фембæлдтæ цæрджытимæ æмæ æхсæнадæн базонын кæндзыстæм рæстдзинад фарстайы алы деталы фæдыл.
Архайдзыстæм уыцы сæрмагонд бæрнæй, кæцы куыд фæткдæттæг тыхæн, æхсæнады алкæцы уæнгы раз нын ис.
Гуырдзыстон бахъахъхъæндзæн сабырдзинад æмæ стабилондзинад æмæ адарддæр кæндзæн аккагæй цыд Европæйы æрдæм, кæцы гуырдзиаг æхсæнады принципон æвзæрст у», – дзырдæуы фидиуæны.