Парламентон фæдагурæн къамисы æркуырдæй, прокуратурæ Мамука Хазарадзейы хъуыдтагы фæдыл фæдагуырд райдыдта
Гуырдзыстоны прокуратурæ, уголовон кодексы 349-æм статьямæ гæсгæ, Мамука Хазарадзейы хъуыдтагы фæдыл фæдагуырд райдыдта. Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн прокуратурæйы фехъусын кодтой.
Прокуратурæйы информацимæ гæсгæ, Хазарадзейы ныхмæ Гуырдзыстоны парламенты рæстæгмæ фæдагурæн къамисы куырдиат нæ сæххæст кæныны тыххæй райдыдта, кæцыйы тыххæй æфхæрд цæуы ивар кæнæ иу афæдзы онг æмгъуыдмæ ахæстоны фæбадын, кæнæ та æртæ азы онг æмгъуыдмæ бынат бацахсыны кæнæ архайды æххæст кæныны бар байсын.
Мамука Хазарадзейы хъуыдтаг прокуратурæмæ 25-æм марты æрвыст æрцыд уый тыххæй, цæмæй парламентон фæдагурæн комисмæ нæ бацыд.