Парламентмæ абон бавдыст уыдзæн закъонопроект кæцымæ гæсгæйæ, «Лело» домы тæрхонгæнджыты сывзарыны процесс бауромын
Парламенты бюройы рабадтмæ абон бавдыст уыдзæн закъонопроект кæцымæ гæсгæйæ, «Лело» тæрхонгæнджыты сывзарыны процесс бауромын куры. Ивддзинæдты инициатор депутат у Анна Нацвлишвили.
Законопроекты банысангонд у, цæмæй ма хъуамæ æрцæуа юстицийы бæрзонддæр советы æмæ сæйраг тæрхондоны ног уæнгты сывзæрст уæдмæ, цалынмæ парламент нæ рахæсдзæн уынаффæ æмæ не сфидар кæндзæн, юстицийы бæрзонддæр советы æмæ сæйраг тæрхондоны уæнгты сывзарыны ног уаг æмæ процедурæ, куыд парламенты, афтæ тæрхонгæнджыты конференцимæ.
Нацвлишвили банысан кодта, цæмæй хъуамæ сыххæстæуа 19 апрелы бадзырды домæнтæ æмæ ма хъуамæ срæза ахæм уавæр, кæцы тæссаг уыдзæн амбицион тæрхонон реформæйы нысæнттæм баххæссынæн.