Парламент  сфидар кодта  хицауады ног сконд
Парламент сфидар кодта хицауады ног сконд

Гуырдзыстоны парламент  уæлрадон  сессийы пленарон рабадтыл  хицауады   ног скондæн  æмæ  хицауадон программæйæн  æууæнк  расидтис  85 хъæлæсæй.

Министрты  кабинеты æрмæст иу ног министр  ис – юстицийы  министры бынатыл снысан ис  Гоча Лорткипанидзе.

Иннæ  уагддæтты  къухдариуæггæнæджыты, закондæттæг оргæн æнæивгæйæ сфидар кодта. Сæрмагондæй:

Регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министр – Майя Цкитишвили; Мидхъуыддæгты министр – Вахтанг гомелаури; Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр – Натиа Турнава;  Фæсарæн хъуыддæгты министр – Давит Залкалиани;  финансты министр – Иванэ Мачъавариани; ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ спорты министр – Михеил Чхелкели; оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæнизхъахъхъæды  æмæ социалон  хъахъхъæды  министр – Экатерине Тъикъарадзе; Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады  министр –Леван  Давиташгвили; хъахъхъæнынады министр – Ираклий Гъарибашвили;  фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады  фарстæты паддзахадон министр – Тея Ахвледиани.

Хицауадон программæ «Европаг паддзахады  арæзтадæн» -ы тыххæй куы  зæгъæм, йæ  сæраг хай здæхт у  пандемийы ныхмæ тохы æрдæм.

Æууæнк райсынæн  хицауады скондæн  хъуыдис 76 депутаты разыдзинад.