«Гуырдзиаг Бæллиццы» æххæстгæнæг нымæрдар Мамука Мдинарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны парламент æххæст разы у вакцинацийы национ планимæ, кæцы бьакуыст æрцыд æмæ хицауады æмæ æнæнизхъахъхъæды министрады фæрцы сæххæст уыдзæн.
«Уымæ æмбæлгæйæ дæр, парламенты батагъдгонд уагæй рæгъмæ хаст æрцыд «Æхсæнадон æнæниздзинады фæдыл» закъоны ивддзинæдты проект, кæцымæ гæсгæ дæр, «Ковид-19»-ы ныхмæ профилактикон вакцинацийы æмæ хоскæнынæн гæнæн уыдзæн, æрхæссын æрмæстдæр Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийæ нымад вакцинæ. Уыйимæ иумæ, сæххæст вакцинацийы фæстæ фæрссаг фæзындты, кæнæ фæкарзы цауы, паддзахад закъонæй бæлвырд уагæй сифтонг кæна цæрджыты æнæфидгæ медицинон лæггад æмæ реабилитацийæ, уыццы цаутæй цух, кæд æмæ превентивон вакцинацийы фæстæ фæрссаг фæзындтæ сывзæрдысты импортеры, медицинон персоналы, кæнæ медицинон уагдоны рæдыды аххосæй» – райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.