Парламент партитæн бюджетон финансдзинадимæ баст закъонопроекттæ фыццаг æркастæй райста
Партитæн бюджетæй финансдзинад аскъуынынимæ баст закъондæттæн ивддзинæдтæ парламент фыццаг кастæй райста.
«Æмбæстæгты политикон иугондты фæдыл» Гуырдзыстоны закъонмæ бахæссинаг ивддзинæдты проектимæ сразы сты 83 депутаты.
Фæнысанкæнинаг у уый æмæ инициркæныны фæстæ, банысангонд законопроекты бæрæг ивд сыххæст ис æмæ парламент фыццаг кастæй редактиргонд версиимæ сразы ис.
Конкретонæй та, кæд закъоны проекты сæрыфыццаг вариант партитæн финансдзинад аскуыны дардта йæ хъуыдыйы иу афæдзы æмгъуыдæй, уæд ныр ацы æмгъуыд фæкъаддæр ис æхсæз мæйы онг.
Закъонопроектмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны паддзахадон бюджетæй суммæ райсдзæн æрмæст уыцы парти, кæцы уымæ хаугæ парламенты уæнгы мандат кæнæ мандатты æрдæг уæддæр сфæлтæрдзæнис. Парти фæдылдзог æхсæз мæйы бюджетон финансдзинад нæ райсдзæн, кæд йæ бавдисгæ æвзæрст парламенты уæнгты æрдæг уæддæр Гуырдзыстоны парламенты æмбæлгæ раззаг радон сессийы дæргъы, æнæбындур æфсонæй нæ райсдзæн хайад радон пленарон рабадтыты æрдæгæй фылдæры.
Парламент фыццаг кастæй афтæдæр сразы ис регламентмæ бахæссинаг ивддзинæдты проекктимæ, кæцы депутаты мыздмæ æххæссы. Сæрмагондæй та, депутатæн, кæцы радон сессийы фæлгæтты, иу мæйы дæргъы æнæбындур æфсонæй фæуадздзæн алы пленарон рабадт, уымæн мызд æнæхъæнæй бауромдзысты. Уымæй уæлдай ма, парламенты уæнгмæ нæ цæудзæн лæвæрд мызд парламентон уагуадзæны периоды, кæд йын уагуадзæны онг фæстаг мæйы уæлдæрбанысангонд уагмæ гæсгæйæ урæд æрцыд мызд, уыцы цаутæй цух, кæд уый хайад райсдзæн уæлрадон сессийы пленарон рабадты.
Депутаттæ фыццаг кастæй 82 хъæлæсæй сфидар кодтой «Æвзарæнон кодексмæ» бахæссинаг ивддзинæдтæ дæр, кæцытæм гæсгæйæ, æнæаргъ эфирон рæстæг лæвæрд нæ цæудзæн партимæ, кæцы раццух ис бюджетон финансдзинадæй.