Парламент министрадты реорганизацимæ гæсгæ закъондæттæн ивдтытæ фыццаг хъусынæй сбæлвырд кодта
Парламент  министрадты   реорганизацимæ гæсгæ  закъондæттæн   ивдтытæ   фыццаг хъусынæй  сбæлвырд кодта

Гуырдзыстоны   парламент министрадты  реорганизацимæ гæсгæ,   закъондæттæн   ивдтытæ   фыццаг хъусынæй  сбæлвырд кодта. 116 закъонопроектджын   закъондæттæн пакеты   абоны    уæлрадон  рабадтыл æркастысты.  Депутаттæн,  ивдытыты  мидис  хицауады  парламентон  нымæрдар   Натиа  Микелапдзе  базонын  кодта.  Ивдтытæн сæ  фарс рахæцыдысты  84  депутаты,  æртæ  та  сæ  ныхмæ рацыдытсыю

Депутаттæ   ивдтытыл  дыыкаг  хъусынæй   уынаффæ кæнын абон адарддæр кæндзысты  парламентон   комитетты   форматы, ивдытыты  æртыккаг хъусынæй   сбæлвырд та,   цæугæ  къуырийы  кæронмæ   æрцæудзæн.  Цыдæриддæр та   ивдтытæм æххæссы,    хицауады  структурæйы  10 министрад æмæ иу    паддзахадон миниистры аппарат  баззайдзæн.

Сæрмагондæй  та,   культурæйы æмæ  спорты    министрадтæ  баиу  уыдзфыысты   ахуырады  минстрадмæ.  Æфхæрдæххæстгæнæг  министрад   баиу  уыдзæн  юстицийы   министрадмæ.   Оккупацигонд территоритæй    тыхбын   бынативгæ  уæнгты,   лигъдæтты   æмæ    цæрæнуатты ахæлиуы   министрад  фæмацы  уыдзæн  æмæ  йæ  функцитæ  адих уыдзысты æртæ  æндæр æмæ æндæр   уагдоныл.  Лигъдæттæн  цæрæнуатты  раттыны   функци  ахздзæн   инфраструктурæйы   министрадмæ,   миграцийы  йæхимæ райсдзæн  МХМ,   социалон   политикæйы  та –   æнæнизхъахъхъæды   миистрад.  Уымæй  уæлдай ма,     религийы    агентад баиу  уыдзæн   фидыды æмæ   æмбæстагон æмсæрады    фарстыты   паддзахадон   министры  аппаратмæю   Экономикæйы  министрад тыгъдадон тынгады   компонент  ахиздзæн инфраструктурæйы  министрады дæлбар.