Парламент «Дэолигархизацийы фæдыл» законпроект фыццаг байхъуыстæй райста

12:48, 03.11.2022

Парламент «Дэолигархизацийы фæдыл» законпроект фыццаг байхъуыстæй райста

Законпроектæн йæ фарсыл рахæцыдысты 80 депутат, йæ ныхмæ фараст.

Заокнпроектæй бæлвырд кæнынц ахæм фарстатæ – «олигахы»  бæлвырд кæнын, уæнгы «олигархæй» схонд æмæ специалон реестрмæ бахаст, олигархы реестрæй сист æмæ снысангонд реестры уагъды фарстатæ, уæнгы, олигархæй схуынды рæстадон процедуратæ, декларациты фарстатæ.

Проектмæ гæсгæ, æхсæнадон царды нысаниуæгджын у экономикон æмæ политикон уæзы хицау уæнгы (олигархы) схуынд физикон уæнгы, кæцы снысангонд критеритæй, æртæйы  уæддæр  æххæст кæны:

А) политикон царды исы хайад; б) информацитыл нысаниуæгджын ахадындзинад æххæст кæны; в) йæхи æмæ уыимæ баст юридион уæнгты активты бæлвырдгонд нымæц, кæцыты уый бенефициар у, снысангонд азы фыццæгæм январы уавæрмæ гæсгæ 1 000  000 хатт фылдæр у цардæн æнæманг минимумæй.

Хуыздæр