Парламент байхъуыста рæстæгмæ фæдагурæн къамисы хыгъдлæвæрдмæ æмæ къамисы æххæстбарты æмгъуыд ноджы иу мæймæ адарддæр кодта
Гуырдзыстоны парламент пленарон рабадтыл байхъуыста хыгъдлæвæрдмæ рæстæгмæ фæдагурæн къамисы архайды фæдыл, кæцы иртасы 2003-2012 æзты хицауады уæвæг режимы, йæ политикон бæрнонты, 2003-æм азæй абоны онг политикон партитимæ баст уæвæг æмæ раздæры бæрнон кусджыты, кæцытæ æмхъæлæсæй адарддæр сты къамисы æмгъуыдæй 86 хъæлæсы ноджы иу мæймæ.
Уæлæмхасæн фæдагуырдон комисы архайды фæдыл рæстæгмæ хыгъдлæвæрд пленарон рабадтыл комисы сæрдар Теа Цъулукиани бавдыста.
Теа Цъулукиани куыд расидтис афтæмæй, абоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, комис 40-æй фылдæр фембæлд сарæзта æмæ 150 адæймагмæ æввахс интервью райста. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Къамис кусы æртæуæнгон форматы, кæд æмæ Къамисы æртæ уæнгы интервью æндæр æмæ æндæр адæймæгтæй.
Теа Цъулукианийы ныхасмæ гæсгæ, комис æхсæнадон байхъуысты форматы фæуд кæныны этапыл ис æмæ йын баззад дыууæ байхъуыст – 30-æм июны æмæ 2-æм июлы.
«Къамисы хатдзæг уыдзæн сеппæтæй карздæр, сеппæтæй карздæр аргълæвæрдтимæ, кæцытæ æххæстгонд æрцæудзысты æхсæз темæйыл дæр. Уыдон сты: 2008 азы августы хæст; адæймагдзинады ныхмæ фыдракæндтæ, куыд ахæстонты мидæг, афтæ æддейæ дæр; 2012-2025 азты Гуырдзыстоны æддагон геополитикон нысантæн зианхæссæг архайдтытæ, санкцитæ, кæцытæ здæхт уыдысты бæстæйæн зианхæссæг политикæмæ, нæ фæлæ æрмæст бирæнымæц хицæн адæймæгтæм бафæлвæрдтæ æддагон тыхты æххуысæй;æмæ нæ иртасты темæ афтæдæр у медийы сæрибардзинад, бизнесы рэкет æмæ коррупци Аргълæвæрд алы ацы темæйыл уыдзæн сеппæтæй карздæр» – расидтис кодта Теа Цъулукиани.