Парламентон фылдæрты уæнгы Шалва Папуашвилий фидиуæнæй, абонæй зæгъгæ рывналдзысты амнистийы фæдыл закъоныл кусынмæ. Папуашвилийы дзырдæй, проект бакуыст уыдзæн æмгуыстгæнгæйæ æмæ йæ иницирдзинад уыдзæн дыццæджы.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, бадзырдыл къухбафыссæг депутаттæ парламентмæ бахиздзысты æмæ активонæй баиу уыдзысты парламентон куыстмæ. Амнистийы закъоны тыххæй та парламентари дзуры, цæмæй йæ æртæ кастæй райсынæн æртæ къуыри уæддæр бахъæудзæнис.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, амнисти баххæсдзæн 20 июны хъуыддагимæ баст уæнгтæм иууылдæр, кæмæндæриддæр аххосаг бавдыстæуыд æмæ цæуы тугтæрхоны барады хъуыддаг.
«Уый баххæсдзæн куыд Ника Мелиамæ, афтæ уыйимæ иумæ тыхмидзинады зылынмæ лæвæрд æндæр уæнгтæм дæр, афтæдæр пъæлицæйæгтæм», – бафтыдта ма Шалва Папуашвили.
Уымæй уæлдай, Шалва Папуашвилийы фидиуæнæй, «Националон Змæлд» æмæ «Европаг Гуырдзыстон», нырид архайынц, исты амæлттæй фæкуылымпы кæнын бадзырды сыххæст.
«Знон изæр ноджы иу хатт айзæлдис фарст, ис æви нæ æндæр амæлттæ æмæ Шарль Мишель хаххгондæй банысан кодта, цæмæй бадзырд бантыстис, къух бафыст у æмæ алчи йæ хъуамæ намысджынæй сыххæст кæна. «Националон Змæлд» къух нæма бафыста æмæ ныр архайынц ацы бадзырд фехалын. Уымæ нæкæсгæйæ, цъынды уæддæр бафиддзæн Евроцæдис æмæ Ника Мелиайæн уыдзæн фадат, кæд æй фæнды уæд тагъд рацæуа ахæстонæй, ацы цъынды райса, кæнæ ма сразы уа, амнистийы закъон уæддæр уыдзæн ист. Мах райсдзыстæм ацы партиты акт æмæ йæ кæд нæ бафæнда æмæ йæ хæъудзæнис ахæстоны бадын, уæд ма цы нæ бон у», – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.