Парламент æртыккаг кастæй сфидар кодта «Æвзарæнон Кодексы» æрцæттæгонд ивындзинæдтæ
Парламент æртыккаг кастæй сфидар кодта «Æвзарæнон Кодексы» æрцæттæгонд ивындзинæдтæ

Гуырдзыстоны  парламент  «Æвзарæнон кодексмæ» цæттæ  ивындзинæдтæ  æртыккаг  кастæй  сфидар кодта.

Ивындзинæдтыл æртыккаг кастæй  абоны  уæлрадон рабадтыл  афæлгæстой æмæ  сæ  94 хъæлæсæй  иуы  ныхмæ  сфидар кодтой.

Ивындзинæдтæй  æнæмæнгхъæугæ у  партион номхыгъдмæ  хъауджы æрды минæвар бахæссын.

Сæрмагондæй та, кæд партийæн алы  цыппары æхсæн  иу  хъауджы æрды минæвар нæ уыдзæн,  уæд æй регистрацийы нæ ауадздзысты.

Афтæдæр, ивындзинæдтæй   бæрæг кæны æвзæрстыты бон,  координаторты  куысты  спецификæ.

Сæрмагондæй та, хъæлæс кæныны бæстыхаймæ бацæуæнæй  25  метры  дæрццæг  æнæруадзгæ  уыдзæн   агитацион  æрмæджыты  равæрын, кæцыйы  æрисдзысты, кæнæ  демонтажы дæлбар уыдзæн  кæнæ йæ  сисдзысты.

Афтæдæр æнæруадзгæ уыдзæн  æвзарæнон фадыгыл,    кæнæ фадыгæй 25 метры радиусы,  æвзæрстгæнджыты  змæлд физикъонæй  куылымпы кæнын.

Афтæма, «Æвзарæнон кодексы»  бакуыст ивддзинæдтæм гæсгæ,  хъæлæскæнынады  агъоммæ 8 сахаты дæргъы æмæ  хъæлæскæнынады бон 20  сахаты онг  фæдзæхст уыдзæн   разæвзарæнон  рекламайы æмæ æвзарæнон субъектты  программæты равæрд, алæвæрд телеуынынады æмæ  радиойы эфиры, афтæдæр  æвзарæнон нысæнттæй  автоматизацигонд  телефонон дзырдтæ кæнын  æмæ текстæй хъусингæтæ  æрвитын.

Афтæдæр нæруадзгæ  уыдзæн  иу  æвзарæнон  субъекты æрдгæй,   рекламæйы афоны фæлгæтты уацхæсджыты эфиры  ахæм рекламон  клипы  радæттын, кæцы пайдаджын уыдзæн æндæр æвзарæнон субъекты  агитацион нысæнттæн.

Ивд цæуы  партиты  финансдзинады уаг дæр.  Сæрмагондæй та  паддзахадон бюджетæй  суммæ райсдзæн  фыццаг 50 000  æцæг хъæлæсы  фæлгæтты райсгæ  фæйнæ хъæлæсæн  -15 ларийы,  æрмæст алы фæдылдзог райсгæ  æцæг  хъæлæсæн – 5 лари.

100 ларийы онг  суммæйæ  æвзæрстгæнджыты  балхæд  та, суыдзæн  тугтæрхоны  барады  фыдракæндæй.  Уæлдæр банысангондæй  дарддæр, æнæруадзгæ уыдзæн фадыгон-æвзарæн комиссийы   уæнгæй  ахæм гоймагы сывзарын,  кæцы  фæстаг   æппæтон æвзæрстыты, цыфæнды æмвæзады  æвзарæнон комиссийы уæнгæй,   политикон   партийы æрдгæй  уыд снысангонд.